Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

80 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      «Гат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
      Асафы псалом.
2 Цингӕнгӕ зарут Хуыцауӕн –
      Уый нӕ тых у;
      хъӕлӕсыдзагӕй стаут Иаковы Хуыцауы.
3 Райдайут зарын, рахӕссут гуымсӕг,
      ӕхцонзӕл дала-фӕндыр дыууадӕстӕнонимӕ.
4 Уасут сыкъа-уадындзӕй мӕйноджы
      ӕмӕ – мӕй куы уа цӕлхыдзаг – нӕ бӕрӕгбоны.
5 Уый Израилӕн ӕгъдау у,
      Иаковы Хуыцауӕй – фӕтк.
6 Уыцы уагӕвӕрд Хуыцау Иосифӕн радта,
      мысыраг зӕххӕй куы рацыди, уӕд.
      Уым фехъуыстон ӕнахуыр хъӕлӕс:
7 «Йе 'ргъом ын райстон йӕ уӕхсчытӕй;
      ссӕрибар сты тӕскъӕй йӕ къухтӕ.
8 Дӕ уынгӕджы бон Мӕм фӕдзырдтай,
      ӕмӕ дӕ бахызтон;
      ӕрвнӕрды бӕрзӕндӕй дын дзуапп радтон,
      бафӕлвӕрдтон дӕ Меривы дӕтты цур. ||
9 Байхъусут, Мӕ адӕм,
      развӕлгъау уӕ фӕдзӕхсдзынӕн:
      О, куы Мӕм байхъусис, Израил!
10 Ма дын уӕд ӕндӕр хуыцау,
      ӕцӕгӕлон хуыцауӕн ма кув.
11 Ӕз дӕ Хицау Хуыцау дӕн,
      Мысыры зӕххӕй дӕ Ӕз ракодтон;
      сдар Мӕм дӕ цӕнгтӕ,
      ӕмӕ дӕ Ӕз хъуаг ницӕмӕй ныууадздзынӕн».
12 Фӕлӕ Мӕм Мӕ адӕм нӕ хъуыстой,
      зӕгъы Хуыцау, Израил Мӕ коммӕ нӕ касти.
13 Уӕд сӕ Ӕз ныууагътон сӕ хивӕнд зӕрдӕйы
      ӕвджид,
      цӕмӕй, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрой.
14 Мӕ адӕм бӕргӕ куы хъуыстаиккой мӕнмӕ,
      ӕмӕ Израил куы цыдаид Мӕ фӕндӕгтыл,
15 Уӕд сын рӕхджы Ӕз се знӕгты басастаин,
      Мӕ къух ӕртасыдаид се 'фхӕрджытӕм.
16 Хуыцауы знӕгтӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл
      бырыдаиккой,
      ӕмӕ афтӕ уыдаид мыггагмӕ дӕр.
17 Ӕз сӕ хастаин хуыздӕр хорӕй,
      ӕфсӕстаин сӕ къӕдзӕхы мыдӕй.