Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

93 Псалом

1 О мастисӕг Хуыцау, Дунедарӕг,
      мастисӕг Хуыцау, равдис Дӕхи!
2 Рацу, зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг,
      бафхӕр сӕрыстырты сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
3 Уыцы фыдлӕгтӕ кӕдмӕ, О Дунедарӕг,
      уыцы фыдлӕгтӕ кӕдмӕ райдзысты?
4 Сӕ дзыхӕй ракалынц схъӕл дзырдтӕ;
      фыдгӕнджытӕ сты се 'ппӕт дӕр хиппӕлой.
5 Ссӕндынц Дӕ адӕмы, Хуыцау,
      ӕфхӕрынц Дӕ бындар адӕмы.
6 Марынц сидзӕргӕсы ӕмӕ ӕрцӕуӕггаджы,
      сафынц сидзӕрты
7 Ӕмӕ дзурынц: «Нӕ фендзӕн Дунедарӕг,
      нӕ базондзӕн Иаковы Хуыцау».
8 Уӕхи ӕрӕмбарут, ӕнӕзонд адӕм!
      Кӕд уӕм ӕрцӕудзӕн зонд, ӕнӕмбаргӕтӕ?
9 Хъус Чи скодта, Уый нӕ фехъусдзӕн?
      Цӕст Чи сарӕзта, уый нӕ фендзӕн?
10 Адӕмтӕй дзуапп домӕг не 'рфӕрсдзӕн?
      Адӕймагӕн зондамонӕг нӕ базондзӕн?
11 Дунедарӕг зоны адӕймаджы фӕндтӕ –
      уыдон ӕдзӕлгъӕды кӕй сты, уый.
12 Тӕхудиаг у,
      Ды йӕ рӕдыд кӕмӕн зӕгъыс, Дунедарӕг,
      Де 'гъдӕуттыл кӕй ахуыр кӕныс, уыцы адӕймаг;
13 Уымӕн ӕмӕ йын бӕллӕхы заман ратдзынӕ ӕнцой,
      цалынмӕ фыдлӕгӕн уӕрм скъахтӕуа, уӕдмӕ.
14 Бӕлвырд, Дунедарӕг нӕ ферох кӕндзӕн Йӕ адӕмы,
      нӕ ныууадздзӕн Йӕ бындарты.
15 Ӕмӕ тӕрхон ногӕй ӕрыздӕхдзӕн рӕстдзинадмӕ,
      ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕппӕт рӕстзӕрдӕтӕ.
16 Чи сыстдзӕн мӕн тыххӕй фыдлӕгты ныхмӕ?
      Мемӕ фыдгӕнджыты ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?
17 Хуыцау мын куы нӕ рарвыстаид ӕххуыс,
      уӕд рӕхджы мӕ уд ацыдаид ӕнӕсым ингӕнмӕ.
18 Ӕз куы фӕзӕгъын: «Мӕ къах цуды»,
      уӕд Дӕ уарзт, О Дунедарӕг, вӕййы мӕ фидаргӕнӕг.
19 Мӕ катайаг хъуыдытӕ куы сбирӕ вӕййынц,
      уӕд Дӕ рӕвдыд ӕхсызгон ӕрхӕссы мӕ удӕн.
20 Хӕрам тӕрхонгӕнджытӕн Демӕ иумӕйагӕй
      исты ис, мыййаг –
      Де 'гъдауы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн?
21 Уыдон иумӕ ӕмдзырд бакӕнынц
      рӕстгӕнӕджы ныхмӕ,
      сӕ хӕрам тӕрхонӕй амарынц ӕназымы.
22 Фӕлӕ Дунедарӕг мӕ фидар у,
      мӕ Хуыцау – мӕ ӕмбӕхсӕн мӕсыг у.
23 Сӕ фыдракӕндтӕ сын сӕхи сӕрмӕ раздахдзӕн,
      сӕ фыдмиты тыххӕй сӕ фӕцӕгъддзӕн;
      фӕцӕгъддзӕн сӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.