142 Псалом
1 Давиды псалом.
О Дунедарӕг, фехъус мӕ куывд,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕмӕ;
ратт мын дзуапп, уымӕн ӕмӕ Ды иузӕрдион
ӕмӕ рӕстаг Дӕ.
2 Тӕрхонмӕ ма 'ркӕн Дӕ цагъары,
уымӕн ӕмӕ иу адӕймаг дӕр
не сраст уыдзӕни Дӕ разы.
3 Знаг зилы мӕ фӕдыл, зӕххӕмвӕз скодта мӕ цард;
рагон мард цыма дӕн, уыйау мӕ ӕппары талынджы.
4 Мӕ уд баруад мӕ мидӕг, мӕ зӕрдӕ тыхсы мӕ риуы.
5 Мысын рагон бонтӕ, хъуыды кӕнын
Де 'ппӕт хъуыддӕгтыл,
дис кӕнын Дӕ къухты скондыл.
6 Дӕумӕ дарын мӕ цӕнгтӕ;
дойныгӕнӕг зӕххау мӕ уд Дӕумӕ тырны. ||
7 Батагъд кӕн мӕнӕн дзуапп раттыныл, Дунедарӕг –
мӕ уд баруад мӕ мидӕг;
Де 'ргом ма аздах мӕнӕй,
цӕмӕй ингӕнмӕ цӕуджытау ма суон.
8 Уадз сӕуӕхсид ӕрхӕсса мӕнӕн
Дӕ уарзондзинады уац –
ӕз мӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарын.
Бацамон мын, цы фӕндагыл мӕ
цӕуын хъӕуы, уый –
мӕ уды куывд Дӕумӕ хӕссын.
9 Фервӕзын мӕ кӕн, О Дунедарӕг, ме знӕгтӕй –
Дӕ дӕлбазыр бакӕндзынӕн мӕхи.
10 Сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ;
уадз ӕмӕ мӕ Дӕ фӕрнӕйдзаг Уд
кӕна раст фӕндагыл.
11 Дӕ номы сӕраппонд мӕ райгас кӕн, Дунедарӕг;
Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ рахизын кӕн мӕ уды
йӕ хъизӕмӕрттӕй.
12 Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕрон скӕн ме знӕгтӕн;
ме 'ппӕт фыдгулты бабын кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ цагъар дӕн.

