38 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ; Едифумӕн.
Давиды псалом.
2 Ӕз загътон:
«Мӕхи хиздзынӕн мӕ фӕндӕгтыл,
цӕмӕй ме 'взагӕй тӕригъӕд ма ракӕнон;
цалынмӕ фыдлӕг мӕ разы ис,
уӕдмӕ мӕ дзых дардзынӕн ӕмырӕй».
3 Ӕз уыдтӕн ӕгомыг ӕмӕ ӕнӕсым,
нӕ дзырдтон, суанг, хорз цы у, ууыл дӕр,
ӕмӕ мӕ рыстыл бафтыди.
4 Мӕ зӕрдӕ ссыгъди мӕ риуы,
мӕ хъуыдытӕй рацыди арт, ӕмӕ ӕз дзурын райдытон:
5 «Раргом мын кӕн, Дунедарӕг,
кӕд уыдзӕни мӕ кӕрон,
цас мын ис цӕрӕнбонтӕ,
зӕгъ мын, мӕ цард куыд цыбыр у, уый.
6 Мӕнӕ мын Дӕ лӕвӕрд бонтӕ сты уылынгау,
мӕ цардымгъуыд ницы у Дӕ разы.
Ӕцӕгӕй дӕр:
алы адӕймаджы цард дӕр у раулӕфтау. ||
7 Бӕлвырд, адӕймаг цӕры аууонау;
дзӕгъӕлы у йӕ тухӕн, ӕмбырд кӕны
ӕмӕ кӕмӕн баззайдзысты, уый нӕ зоны.
8 Ӕмӕ ныр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон, Хуыцау?
Мӕ ныфс ӕрмӕстдӕр Ды дӕ.
9 Ме 'ппӕт фыдмитӕй мӕ ссӕрибар кӕн,
ӕнӕзонды къухтӕм мӕ хынджылӕгӕн ма ратт.
10 Ӕз багомыг дӕн,
мӕ дзыхӕй ныхас нӕ хауы,
уымӕн ӕмӕ Ды скодтай афтӕ.
11 Аиуварс кӕн мӕнӕй Дӕ цӕфтӕ,
Дӕ цонджы схуыстӕй сӕфын.
12 Ды адӕймаджы йӕ рараст кӕнынӕн
куы ӕфхӕрай йӕ азымы тыххӕй,
уӕд ын ӕзгъӕлын кӕныс рӕмпӕг хӕрдау,
зынаргъ ӕм цы ис, уый.
Афтӕ, алы адӕймаджы цард дӕр мӕнг у.
13 Фехъус, Хуыцау, мӕ кувын
ӕмӕ байхъус мӕ дзыназынмӕ,
ма у ӕнӕдзуапп мӕ кӕуынмӕ;
ме 'ппӕт фыдӕлтау Дӕм ӕз дӕр
бӕлццон ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг дӕн.
14 Аздах мӕ Дӕ тызмӕг цӕстӕнгас,
цӕмӕй ма-иу бацин кӕнон,
цалынмӕ нӕ аивгъуыдтон,
ӕмӕ мӕ фӕд нӕ фесӕфти, уӕдмӕ».

