65 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Зарӕг.
Псалом.
Стау Хуыцауы хъӕлӕсыдзагӕй, ӕппӕт дуне!
2 Зарут Йӕ номы кадыл;
скӕнут Ын Йӕ кад бӕрзонд,
3 Зӕгъут Хуыцауӕн:
«Куыд тасӕфтауӕг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ!
Хъомысджын дӕ Ды,
Де знӕгтӕ лӕгъстӕйаг уыдзысты Дӕуӕн.
4 Ӕппӕт зӕхх ӕрзоныг уыдзӕни Дӕ разы
ӕмӕ Дыл зардзысты, зардзысты Дӕ номыл».
5 Рацӕут ӕмӕ фенут Хуыцауы ӕрмдзӕф,
адӕмӕн куыд диссагӕн баззадысты Йӕ хъуыддӕгтӕ.
6 Денджыз фестын кодта сурзӕхх,
цӕугӕдоныл ахызтысты фистӕгӕй –
уӕдӕ цин кӕнӕм, Уый цы сарӕзта, ууыл.
7 Йӕ хъомысы руаджы
Уый паддзахиуӕг кӕны мыггагмӕ;
иудадзыг Йӕ цӕст дары адӕмтӕм –
змӕнтджытӕ ма сыстӕнт Йӕ ныхмӕ.
8 Стаут, адӕмтӕ, нӕ Хуыцауы;
айзӕлӕд Ыл кады зарджытӕ.
9 Уый нын нӕ удтӕ бахызта ацы царды,
нӕ къах нын нӕ бауагъта фӕцудын.
10 Уымӕн ӕмӕ Ды, Хуыцау, бафӕлвӕрдтай мах;
ссыгъдӕг нӕ кодтай, ӕвзист куыд батайын
ӕмӕ ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ.
11 Ды къӕппӕгмӕ бакодтай мах,
нӕ бӕрзӕйтыл нын сӕвӕрдтай ӕфсондз.
12 Бауагътай адӕймаджы нӕ сӕрыл сбадын;
ахызтыстӕм арт ӕмӕ доныл,
фӕлӕ нӕ ракодтай сӕрибармӕ.
13 Иууылсудзинаг нывондтимӕ
бацӕудзынӕн Дӕ Кувӕндонмӕ
ӕмӕ сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ дзырд –
14 Уый мӕ уӕззау дуджы уыди ме 'взагыл
ӕмӕ рацыд мӕ дзыхӕй.
15 Иууылсудзинаг нард нывондтӕ Дын ӕрхӕсдзынӕн,
фысы фиуы хӕрздӕфимӕ;
нывондӕн Дын ӕрхӕсдзынӕн галтӕ ӕмӕ сӕгътӕ. ||
16 Рацӕут ӕмӕ байхъусут,
Хуыцауӕй чи тӕрсы, ӕппӕт уыдон,
ӕмӕ уын радзурон, мӕ удӕн цы сарӕзта, уый.
17 Ӕз Ӕм куывтон хъӕрӕй,
скад Ын кодтон ме 'взагӕй.
18 Ӕз мӕ зӕрдӕйы куы бамбӕхстаин фыдӕх,
уӕд мӕ Хуыцау нӕ фехъуыстаид.
19 Фӕлӕ мӕ Хуыцау ӕцӕг фехъуыста,
Йе 'ргом раздӕхта мӕ зӕрдӕбын куывдмӕ.
20 Арфӕгонд у Хуыцау –
мӕ куывдыл мын Йӕхи нӕ атигъ кодта,
Йӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕхайӕ нӕ ныууагъта.

