97 Псалом
1 Псалом.
Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг,
уымӕн ӕмӕ Уый сарӕзта диссӕгтӕ;
Йӕ рахиз къух ӕмӕ Йын Йӕ сыгъдӕг хъомыс
ӕрхастой уӕлахиз.
2 Хуыцау раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад
ӕппӕт адӕмтӕн равдыста Йӕ рӕстад.
3 Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Израилы хӕдзармӕ
Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ иузӕрдиондзинад;
зӕххыл алы ран дӕр федтой
нӕ Хуыцауы ирвӕзынгӕнӕг тых.
4 Стаут Дунедарӕджы хъӕлӕсыдзагӕй, ӕппӕт зӕхх;
зӕрдӕбынӕй цин кӕнут ӕмӕ райут,
зарут Ын кады зарӕг.
5 Цӕгъдут Хуыцауӕн дала-фӕндыртыл,
хъисфӕндыртыл зарджыты зӕлтимӕ.
6 Цӕгъдут хӕтӕлтӕй ӕмӕ уасут сыкъа-уадындзтӕй,
рӕцӕут цины хъӕримӕ Паддзахы,
Дунедарӕджы размӕ.
7 Нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон,
дун-дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ.
8 Ӕмдзӕгъд кӕнӕнт цӕугӕдӕттӕ;
иумӕ райӕнт хӕхтӕ,
9 Райӕнт Дунедарӕджы раз, уымӕн ӕмӕ Уый
рацӕуы зӕххӕн тӕрхон рахӕссынмӕ;
Йӕ тӕрхон дун-дунейӕн уыдзӕни раст,
адӕмтӕн – ӕнӕхӕрам.

