60 Псалом
1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды псалом.
2О Хуыцау, фехъус мӕ дзыназын,
байхъус мӕ куывдмӕ.
3Зӕххы кӕронӕй Дӕм дзурын уынгӕг зӕрдӕйӕ;
схон мӕ, мӕ бон кӕдӕм нӕу схизын,
уыцы къӕдзӕхмӕ.
4Ды дӕ ме 'мбӕхсӕн,
Ды мӕ фидар мӕсыг дӕ ме знӕгты ныхмӕ.
5Фӕнды мӕ Дӕ Кувӕндоны мыггагмӕ цӕрын,
Дӕ дӕлбазыр ӕдас куыд уон, афтӕ. ||
6Уымӕн ӕмӕ фехъуыстай мӕ зӕрдӕвӕрд, Хуыцау,
ӕмӕ мын бынтӕ радтай,
Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдонимӕ.
7Паддзахы цӕрӕнбонтыл бафтау,
бирӕ фӕлтӕртимӕ куыд фӕцӕра, афтӕ.
8Ӕмӕ мыггагмӕ дӕр Хуыцауы раз
баддзӕни паддзахы бадӕны.
Хъахъхъӕнӕд ӕй Дӕ уарзондзинад ӕмӕ рӕстад!
9Ӕз та мыггагмӕ дӕр зардзынӕн
Дӕ номы кадӕн,
дзырд Дын цӕй тыххӕй радтон,
уыдон ӕххӕст кӕндзынӕн ӕрвылбон.

