46 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты псалом.
2 Ӕмдзӕгъд кӕнут, ӕппӕт адӕмтӕ;
хъӕлӕсыдзагӕй цингӕнгӕ стаут Хуыцауы.
3 Куыд тасӕфтауӕг у Бӕрзонд Хуыцау –
ӕппӕт зӕххыл стыр Паддзах!
4 Уый нын басаста адӕмты,
адӕмыхӕттыты фӕкодта нӕ къӕхты бын;
5 Сӕвзӕрста нын фыдӕй-фыртмӕйы бынтӕ –
Йӕ уарзон Иаков буц кӕмӕй уыд, уыцы бынтӕ. ||
6 Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди Йӕ бадӕнмӕ,
ссыди уадындзы зӕлтимӕ Дунедарӕг.
7 Зарут Хуыцауӕн, зарут;
зарут нӕ Паддзахӕн, зарут.
8 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт зӕххы Паддзах у;
зарут Ын кады зарӕг.
9 Хуыцау паддзахиуӕг кӕны адӕмтӕн;
Хуыцау ӕрбадти Йӕ сыгъдӕг бадӕны.
10 Иннӕ адӕмты номдзыдтӕ
ӕрӕмбырд сты Авраамы Хуыцауы адӕммӕ,
уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ[11] Хуыцауы сты.
Бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад!

