78 Псалом
1 Асафы псалом.
О Хуыцау, ӕрцыдысты муртаттӕ
ӕмӕ бацахстой Дӕ зӕхх;
Дӕ рухс Кувӕндонӕй фӕхынджылӕг кодтой,
Иерусалимӕй дур дурыл нал ныууагътой.
2 Дӕ цагъарты мӕрдтӕ хӕрынӕн радтой мӕргътӕн,
Дӕ сыгъдӕджыты буӕрттӕ – хъӕддаг сырдтӕн.
3 Сӕ туг сын донау ныккалдтой Иерусалимы алыварс,
ныгӕнӕг дӕр сӕ нал уыд.
4 Фидиссаг фестӕм нӕ сыхӕгтӕн,
ӕгад нӕ кӕнынц ӕмӕ ныл худынц
нӕ алыварс чи цӕры, уыдон.
5 О Дунедарӕг, кӕдмӕ?
Иудадзыг тызмӕг уыдзынӕ?
Кӕдмӕ хъуамӕ судза, артау, Дӕ маст?
6 Дӕ фыдӕх ныккал,
Дӕу чи нӕ зоны, уыцы адӕмтыл,
Дӕ ном чи нӕ агуры, уыцы паддзахӕдтыл.
7 Уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой Иаковы
ӕмӕ йын йӕ бӕстӕ раууатмӕ ӕркодтой.
8 Ма нын бадар нӕ цӕстмӕ нӕ фыдӕлты азымтӕ;
рӕхджы ныл Дӕ хорзӕх ӕрцӕуӕд,
уымӕн ӕмӕ мах фестӕм зӕрдӕсаст.
9 Дӕ номы кадӕн нын баххуыс кӕн,
нӕ Хуыцау, нӕ ирвӕзынгӕнӕг;
бахиз нӕ ӕмӕ нын ныббар нӕ тӕригъӕдтӕ
Дӕ номы сӕраппонд.
10 Иннӕ адӕмтӕ цӕмӕн хъуамӕ дзурой:
«Кӕм ис сӕ Хуыцау?»
Дӕ цагъарты туг ныккалджытӕй Ды Дӕ маст исыс;
уадз уый нӕхи цӕстӕй фенӕм,
ӕмӕ адӕмтыл дӕр уый айхъуыса.
11 Фехъуысӕд Дӕм ахӕстыты уынӕргъын;
бахиз Дӕ цонджы хъаруйӕ,
мӕлӕты цӕстытӕм чи кӕсы, уыдоны.
12 Авд хатты фылдӕр ӕлгъыст
сӕ зӕрдӕтӕм ӕрбаздах, Дунедарӕг,
Дӕу чи ӕлгъыста, нӕ уыцы сыхӕгтӕн.
13 Мах та Дӕ адӕм стӕм, Дӕ сӕрвӕтты фыстӕ,
мыггагмӕ Дӕ стаудзыстӕм
ӕмӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ
ӕппӕлдзыстӕм Дӕуӕй.

