Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

37 Псалом

1 Давиды псалом.
      Ӕрымысынӕн.
2 Тызмӕгӕй мын ма бауайдзӕф кӕн, Хуыцау,
      Дӕ карзӕй мӕ ма бафхӕр.
3 Уымӕн ӕмӕ Дӕ фаттӕ ныссагъдысты мӕ буары;
      Дӕ къух уӕз кӕны мӕныл.
4 Ды мӕм смӕсты дӕ,
      мӕ буарыл ӕгас бынат нал баззади;
      ме стджытӕ риссынц мӕ тӕригъӕдтӕй.
5 Мӕ азымтӕ мӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты,
      уӕззау ӕргъомау сӕ хӕссын нал фӕразын.
6 Ме 'нӕзонды тыххӕй
      мӕ цӕфтӕ тӕф кӕнынц ӕмӕ схӕф сты.
7 Ӕз ныггуыбыр дӕн ӕмӕ слӕмӕгъ дӕн бынтон,
      мӕ бон ӕгасӕй дӕр арвитын ӕнкъардӕй.
8 Артау судзынц ме уӕнгтӕ,
      ӕгас бынат нал ис мӕ буары.
9 Слӕмӕгъ дӕн ӕмӕ бынтон ӕрхаудтӕн;
      дзыназын мӕ зӕрдӕйы рыстӕй.
10 Мӕ Хуыцау, Дӕ разы сты ме 'ппӕт бӕллицтӕ,
      Дӕуӕй сусӕг нӕу мӕ уынӕргъын.
11 Мӕ зӕрдӕ ризы, мӕ хъару атади,
      мӕ цӕсты рухс дӕр бамынӕг ис.
12 Мӕ лымӕнтӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ
      иуварс лидзынц мӕ низӕй,
      мӕ хионтӕ лӕууынц дӕрддзӕф.
13 Мӕн амарынмӕ чи агуры,
      уыдон мын ӕвӕрынц къӕппӕг;
      ме 'взӕрмӕ бӕлджытӕ дзурынц мӕн фесафыныл,
      ӕрвылбон мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц.
14 Ӕз та нӕ хъусын, къуырмайау, ӕмӕ
      ӕнӕсым дӕн, гобийау.
15 Ӕз фестадтӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы
      ӕмӕ сын дзуапп раттын кӕй бон нӕу,
      ахӕм адӕймагау.
16 Уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Дунедарӕг;
      Ды ӕнӕмӕнг дзуапп ратдзынӕ мӕнӕн,
      мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау.
17 Ӕмӕ ӕз кувын:
      «Ма мыл ферайӕнт ме знӕгтӕ;
      мӕ къах куы фӕцуды,
      уӕд мӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕсӕнт».
18 Уымӕн ӕмӕ ӕрхауыны ӕввонг дӕн,
      мӕ рыст мӕ уӕгъд нӕ уадзы.
19 Мӕ азымыл сӕттын,
      фӕсмон кӕнын мӕ тӕригъӕдтыл.
20 Мӕ фыдгултӕ та фидар кӕнынц сӕ царды;
      сбирӕ сты, мӕнмӕ ӕнаххосӕй
      чи сызнаг ис, уыдон.
21 Мӕ хорз фидынц ӕвзӕрӕй;
      хӕссынц мӕм фыдӕх,
      хорз аразынмӕ кӕй тырнын, уый тыххӕй.
22 Ма мӕ ныууадз, мӕ Армдарӕг,
      мӕ Хуыцау, ма адард у мӕнӕй.
23 Ӕрцу мӕм рӕвдздӕр ӕххуысмӕ,
      мӕ Паддзах, мӕ ирвӕзынгӕнӕг!