20 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2 О Дунедарӕг, Дӕ хъаруйӕ зӕрдӕрухс у паддзах;
цы стыр цин ын ӕрхастой Дӕ уӕлахизтӕ!
3 Йӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллыди, уый йын радтай,
йӕ уды курдиатыл ын нӕ атигъ кодтай Дӕхи. ||
4 Уымӕн ӕмӕ йӕ Ды
схайджын кодтай Дӕ бирӕ арфӕтӕй,
йӕ сӕрыл ын ӕркодтай паддзахы худ –
сыгъдӕг сызгъӕринӕй.
5 Дӕуӕй куырдта цард; Ды та йын радтай
бирӕ цӕрӕнбонтӕ мыггагӕй-мыггагмӕ.
6 Стыр намыс ын ӕрхаста Дӕ уӕлахиз,
скодтай йӕ кадджын ӕмӕ номдзыд.
7 Ды йыл ӕруагътай Дӕ арфӕтӕ мыггагмӕ,
Дӕ цӕсгомы рухсӕй йӕ схъӕлдзӕг кодтай.
8 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл дары паддзах йӕ зӕрдӕ,
Бӕрзонд Хуыцауы уарзты фӕрцы нӕ фӕцуддзӕн.
9 Дӕ къухӕй нӕ аирвӕздзысты Де 'ппӕт знӕгтӕ;
Дӕ рахиз цонг баххӕсдзӕн,
Ды ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уыдонмӕ.
10 Куы сӕм фӕзынай,
уӕд сӕ фестын кӕндзынӕ судзгӕ пец;
Дунедарӕг сӕ тызмӕгӕй байсафдзӕн,
арт сӕ аныхъуырдзӕн.
11 Зӕххыл сын фесафдзынӕ сӕ байзӕддаг,
адӕмты ӕхсӕн – сӕ мыггаг.
12 Уымӕн ӕмӕ хъавынц Дӕуӕн фыд ракӕнынмӕ,
Дӕ ныхмӕ нывӕндынц фыдвӕндтӕ,
фӕлӕ сын нӕ бантысдзӕн.
13 Дӕ фаттӕ сын сӕ цӕсгӕмттӕм куы саразай,
уӕд лидзӕг фӕуыдзысты.
14 Сбӕрзонд у Дӕ хъомысӕй, Дунедарӕг!
Мах зардзыстӕм ӕмӕ кад кӕндзыстӕм
Де 'нӕкӕрон хъаруйӕн!

