Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

134 Псалом

1 Алилуйа!
      Ӕппӕлут Дунедарӕджы номӕй,
      ӕппӕлут дзы, Хуыцауы цагъартӕ –
2 Дунедарӕджы хӕдзары,
      нӕ Хуыцауы хӕдзары кӕртыты лӕггадгӕнджытӕ.
3 Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй,
      уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг фӕрнджын у;
      зарут Йӕ номыл, уымӕн ӕмӕ уый ӕхцон у.
4 Дунедарӕг Иаковы сӕвзӕрста Йӕхицӕн,
      Израилы адӕмы – Йӕхицӕн исбонӕн.
5 Ӕз базыдтон: Хуыцау стыр у,
      ӕппӕт хуыцӕуттӕй нӕ Дунедарӕг
      у иунӕг Бӕрзонд Хуыцау.
6 Уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл,
      денджызты ӕмӕ ӕппӕт фурдты ӕрфӕнты
      Хуыцау кӕны, цыдӕриддӕр Ӕй фӕнды, уый.
7 Зӕххы кӕрӕттӕй сисы мигътӕ,
      къӕвдаимӕ рауадзы ӕрвӕрттывд,
      Йӕ ӕвӕрӕнтӕй рарвиты дымгӕ.
8 Уый фесӕфта Мысыры фыццаг гуырдты –
      адӕймагӕй фосы онг;
9 Равдыста нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ Мысыры ӕхсӕн –
      фараоны ӕмӕ йӕ цагъарты ныхмӕ.
10 Ныддӕрӕн кодта бирӕ адӕмты,
      мӕлӕты хай бакодта тыхджын паддзӕхты:
11 Амморейаг паддзах Сигоны басайнаг паддзах Огы,
      ӕмӕ ханаанаг ӕппӕт паддзӕхты.
12 Ӕмӕ уыдоны зӕхх радта исбонӕн,
      исбонӕн Израилӕн – Йӕ адӕмӕн.
13 Хуыцау, мыггагмӕ у Дӕ ном,
      Дӕ кадыл дзурдзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
14 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сӕрылхӕцӕг у Йӕ адӕмӕн
      ӕмӕ бацауддзӕн Йӕ цагъартыл.
15 Муртатты гуымирытӕ – ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин,
      адӕймаджы къухтӕй конд сты.
16 Ис сын дзыхтӕ, фӕлӕ ницы дзурынц,
      ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ ницы уынынц;
17 Ис сын хъустӕ, фӕлӕ ницы хъусынц,
      нӕдӕр улӕфт цӕуы сӕ комӕй.
18 Уыдоны хуызӕн суыдзысты се скӕнджытӕ,
      стӕй сыл чидӕриддӕр йӕ зӕрдӕ дары, уыдон дӕр.
19 Скад кӕнут Хуыцауӕн, Израилы хӕдзар!
      Скад кӕнут Хуыцауӕн, Аароны хӕдзар!
20 Скад кӕнут Хуыцауӕн, Левийы хӕдзар!
      Скад кӕнут Хуыцауӕн, чи Дзы тӕрсы, уыдон.
21 Кад уӕд Сионӕй Дунедарӕгӕн,
      Иерусалимы цӕрӕгӕн.
      Алилуйа!