41 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты зондамонӕн псалом.
2 Саг суадонмӕ куыд фӕтырны,
афтӕ мӕ уд Дӕумӕ тырны, мӕ Хуыцау!
3 Мӕ уд дойны кӕны Хуыцаумӕ,
цардӕгас Хуыцаумӕ.
Кӕд бацӕудзынӕн ӕмӕ кӕд балӕудзынӕн
Хуыцауы цӕсгомы раз?
4 Ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ цӕссыгтӕ
мӕнӕн уыдысты дзулау,
ӕрвылбон мын куы дзырдтой:
«Уӕдӕ кӕм ис дӕ Хуыцау?»
5 Ӕз уый куы ӕрымысын, уӕд мӕ зӕрдӕ фӕкӕуы;
уымӕн ӕмӕ-иу ӕз,
цинӕй заргӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы стаугӕйӕ,
цыдтӕн бӕрӕгбонхуыз дзыллӕйы разӕй
Хуыцауы Хӕдзармӕ.
6 Цӕмӕн ӕрхӕндӕг дӕ, мӕ уд,
цӕмӕн кӕныс мӕт?
Ныфсджын у Хуыцауӕй;
уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕз ноджы стаудзынӕн,
мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы.
7 Мӕ уд мӕ риуы нырхӕндӕг,
ӕмӕ Иорданы зӕххыл, Ермоныл,
Цоары хохыл фӕмысын Дӕу.
8 Фурд сиды фурдмӕ Де 'хсӕрдзӕнты хъӕлӕсӕй;
Дӕ дӕттӕ ӕмӕ Дӕ уылӕнтӕ
ӕгасӕй дӕр ацыдысты мӕ сӕрты.
9 Фӕлӕ мӕм бонӕй Дунедарӕг равдисы Йӕ уарзт,
Ууыл у ӕхсӕвы мӕ зарӕг,
фӕкувын мӕ царддӕттӕг Хуыцаумӕ.
10 Зӕгъдзынӕн Хуыцауӕн, мӕ къӕдзӕхӕн:
«Цӕмӕн мӕ ферох кодтай?
Ме знаджы ӕфхӕрдӕй
кӕугӕйӕ цӕмӕн цӕрын?»
11 Ме стджытӕ бынтон ӕрызгъӕлдысты,
мӕстӕй мӕ марынц мӕ фыдгултӕ
ӕмӕ мын ӕрвылбон дзурынц:
«Уӕдӕ кӕм ис дӕ Хуыцау?»
12 Цӕмӕн ӕрхӕндӕг дӕ, мӕ уд,
цӕмӕн кӕныс мӕт?
Ныфсджын у Хуыцауӕй;
уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕз ноджы стаудзынӕн,
мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы.

