30 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2 Дӕумӕ ссардтон ӕз ӕмбӕхсӕн, Дунедарӕг –
нӕ фегад уыдзынӕн мыггагмӕ дӕр;
бахиз мӕ Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ.
3 Фехъус мӕ, рӕвдздӕр мӕм ӕрцу ӕххуысмӕ;
Ды мын у ӕнӕфӕцудгӕ къӕдзӕх,
фидар бынат мӕ ирвӕзындзинадӕн.
4 Ды мӕ къӕдзӕх ӕмӕ мӕ фидар дӕ;
кӕн мӕ размӕ ӕмӕ мын уынаффӕгӕнӕг у
Дӕ номы сӕраппонд.
5 Суӕгъд мӕ кӕн, сусӕгӕй мӕнӕн
цы къӕппӕг сӕвӕрдтой, уымӕй,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ сӕрылхӕцӕг дӕ.
6 Дӕ къухмӕ дӕттын мӕ уд;
Ды уыдтӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг,
О Дунедарӕг, ӕцӕгады Хуыцау.
7 Ме сӕфт уынын
ницӕйаг мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕй;
мӕнӕн та Хуыцау у мӕ ныфс.
8 Хъӕлдзӕг уыдзынӕн
ӕмӕ цин кӕндзынӕн Дӕ хорзӕхыл,
уымӕн ӕмӕ федтай мӕ тухӕнтӕ,
базыдтай мӕ уды хъынцъым
9 Ӕмӕ мӕ нӕ радтай знаджы къухмӕ,
мӕ къӕхтӕ мын ӕрӕвӕрдтай ӕдас ран.
10 Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ уынгӕг ран дӕн;
мастӕй тайы мӕ цӕсты рухс, мӕ уд ӕмӕ мӕ буар.
11 Мӕ цард ӕрвитын хъыггӕнгӕ,
мӕ азтӕ – хъӕрзгӕйӕ;
мӕ фыдӕбӕттӕй сфӕлахс и мӕ тых,
ме стджытӕ баруадысты.
12 Ме 'ппӕт знӕгтӕн сдӕн фидиссаг,
уӕлдайдӕр та – мӕ сыхӕгтӕн,
тасы хос – мӕ зонгӕтӕн.
Фӕндагыл мӕ чи фены,
уыдон ме 'мгӕрон нӕ цӕуынц.
13 Мӕрдырох фӕдӕн адӕмы зӕрдӕты,
пырх мигӕнӕнӕй уӕлдай нал дӕн.
14 Бирӕтӕй хъусын мӕ фыдгой,
алырдыгӕй дӕр – ӕртхъирӕн;
мӕ ныхмӕ аразынц цӕдис,
хъавынц мӕ уд сыскъуынынмӕ.
15 Ӕз та, Дунедарӕг, мӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарын
ӕмӕ зӕгъын: «Ды мӕ Хуыцау дӕ».
16 Дӕ къухы ис мӕ царды ӕмгъуыд;
байс мӕ ме знӕгты къухӕй
ӕмӕ мӕ фӕдылзилджытӕй.
17 Срухс кӕн мӕн, Дӕ цагъары, Дӕ цӕсгомы рухсӕй;
Ды уарзӕгой дӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн.
18 Дунедарӕг, нӕ фегад уыдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ дзыназын;
уадз фыдлӕгтӕ фегад уой, бамыр уой дӕлдзӕхы.
19 Уадз багомыг уӕнт
рӕстгӕнӕгыл сӕрбӕрзондӕй
ӕмӕ ӕнӕрвӕссонӕй дамтӕ дзурӕг ӕвзӕгтӕ.
20 Куыд бирӕ хӕрзтӕ Дӕм ис ӕвӕрд,
Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдонӕн;
Дӕуыл зӕрдӕ дарджытӕн сӕ ратдзынӕ
адӕмы цӕсты раз.
21 Ды Дӕ цӕстӕнгасӕй
хъахъхъӕныс уыдон адӕмы фыдвӕндтӕй,
фыдӕвзӕгтӕй сӕ ӕмбӕхсыс Дӕ аууоны.
22 Арфӕгонд у, Хуыцау,
цы сахарыл ӕртыхстысты[9],
уым мӕм Йӕ диссаджы хорзӕх Чи равдыста.
23 Ӕз та мӕ тыхсты заман
ӕнхъӕлдтон: «Ныууагътай мӕ»;
фӕлӕ Ды, бӕлвырд, фехъуыстай мӕ лӕгъстӕ,
ӕххуысагур Дӕм куы куывтон, уӕд.
24 Уарзут Хуыцауы, Йе 'ппӕт сыгъдӕджытӕ;
Дунедарӕг хъахъхъӕны Йӕ иузӕрдионты,
сӕрыстыртӕн та бафиддзӕни ӕххӕстӕй.
25 Ут ӕхсарджын ӕмӕ зӕрдӕфидар,
ӕппӕт Хуыцауыл ӕууӕндджытӕ!

