Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

64 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Давиды псалом.
      Зарӕг.
2 Сионыл ис Дӕуӕн Дӕ кад ӕмӕ Де 'нцой, Хуыцау;
      ӕмӕ сӕххӕст уыдзысты,
      Дӕуӕн дзырд лӕвӕрд цӕй тыххӕй уыд, уыдон.
3 Ды хъусыс адӕймаджы кувынмӕ;
      Дӕумӕ цӕуы алчидӕр ӕххуысагур.
4 Тӕригъӕды дӕлбар куы уыдыстӕм,
      уӕд нын ныббарстай нӕ фыдракӕндтӕ.
5 Тӕхудиаг сты, Дӕ кӕртмӕ
      цӕрынмӕ кӕй сӕвзӕрстай
      ӕмӕ Дӕхимӕ кӕй ӕрбахӕстӕг кодтай, уыдон.
      Мах уыдзыстӕм ӕфсӕст Дӕ Хӕдзары,
      Дӕ сыгъдӕг Кувӕндоны цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй.
6 Ды хъусыс мӕнмӕ, О нӕ Хуыцау,
      Йӕ раст тӕрхон тас кӕмӕн ӕфтауы,
      ӕппӕт зӕххӕн ӕмӕ дард денджызтӕн ныфс Чи у,
7 Йӕ тыхӕй хӕхтӕ ӕрӕвӕрӕг,
      стыр хъомысӕй ифтонг,
8 Денджызты ӕмбухын, йӕ уылӕнты хъӕр
      ӕмӕ знӕт адӕмты сабыргӕнӕг!
9 Дард зӕххыл цӕрджыты
      тас бауадзынц Дӕ диссӕгтӕ;
      сӕуӕхсид ӕмӕ зӕрӕхсиды
      райхъал кӕнынц цинӕй зарынмӕ.
10 Барӕвдауыс зӕхх, бафсадыс ӕй донӕй,
      бафтауыс ын йӕ бӕркадыл;
      Хуыцауы донвӕдтӕ кӕддӕриддӕр дзаг сты донӕй,
      цӕмӕй зӕххыл зайа хор,
      уымӕн ӕмӕ йын ахӕм фӕтк сӕвӕрдтай.
11 Йӕ ауӕдзтӕ йын бафсадыс донӕй,
      адӕг ауадзыс йӕ къуыбӕрттыл,
      сфӕлмӕн ӕй кӕныс къӕвдайы 'ртӕхтӕй,
      арфӕ бафтауыс хорыл.
12 Бӕркадджын у Дӕ арфӕйы аз,
      Дӕ къахвӕдтӕй кӕлы сой.
13 Уыдон ӕдзӕрӕг хизӕнтыл пырх кӕнынц дон,
      обӕуттӕ дзаг кӕнынц цинӕй.
14 Уыгӕрдӕнтӕ сӕхи сфӕлыстой фосы дзугтӕй,
      дӕлвӕзты зӕу-зӕу кӕны хор –
      хъуысы сӕ цин ӕмӕ зарын.