88 Псалом
1Ефам Езрахийы зондамонӕн псалом.
2Мыггагмӕ зардзынӕн Дунедарӕджы стыр хорзӕхыл;
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хъусын кӕндзынӕн,
Ды иузӕрдион кӕй дӕ, уый.
3Дӕ хорзӕх ӕнусмӕ кӕй цӕрдзӕни;
Дӕ иузӕрдиондзинад – ӕнӕфӕцудгӕ уӕлӕрвты.
Ды загътай:
4«Ӕз сарӕзтон фидыд Ме 'взӕрстимӕ,
сомы ракодтон Мӕ цагъар Давидӕн:
5Дӕ байзӕддагӕн мыггагмӕйы бындур
сӕвӕрдзынӕн,
дӕ паддзахы бадӕн фидаргонд у
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ». ||
6Уӕлӕрвтӕ скад кӕндзысты Дӕ диссаджы
хъуыддӕгтӕн, Дунедарӕг,
сыгъдӕджыты ӕмбырды стаудзысты Дӕ ӕцӕгад.
7Дунедарӕгыл йӕхи чи абара,
ахӕм чи разындзӕн уӕлӕрвты?
Хуыцауы фыртты ӕхсӕн
Дунедарӕджы хуызӕн чи у?
8Сыгъдӕджыты ӕмбырды тынг тӕрсынц Хуыцауӕй;
Йӕ алыварс чи ис, уыдонӕн се 'ппӕтӕй
тӕссагдӕр у Уый.
9Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
чи у Дӕ хуызӕн?
Ды ӕппӕтӕй тыхджындӕр дӕ, О Дунедарӕг,
Дӕ иузӕрдиондзинад – Дӕ алыварс.
10Ды паддзахиуӕг кӕныс знӕт денджызыл;
йӕ уылӕнтӕ куы сыстынц,
уӕд сӕ ныссабыр кӕныс.
11Цыма мард уыдис, афтӕ ӕнцонӕй фӕуӕлахиз дӕ
Раавыл;
Дӕ хъаруджын цонгӕй ныффӕйлыдтай Де знӕгты.
12Арв Дӕу у, Дӕу у зӕхх дӕр;
дун-дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис,
уыдон Ды скодтай.
13Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ды сфӕлдыстай;
Фавор ӕмӕ Ермон Дӕ номы кадӕй райынц.
14Хъӕддых у Дӕ цонг, тыхджын у Дӕ арм,
Дӕ рахиз къух бӕрзонд систай адӕмты сӕрмӕ.
15Дӕ паддзахады бындур –
рӕстад ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.
Хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад Дӕ разӕй цӕуынц.
16Тӕхудиаг сты, Дӕу цытджын зарджытӕй
чи стауы, уыцы адӕм!
Уыдон Дӕ цӕсгомы рухсмӕ цӕрынц, Дунедарӕг.
17Сӕумӕйӕ изӕрмӕ сӕ цин Дӕ номыл у,
Дӕ рӕстад сӕ сисы бӕрзонд.
18Сӕ кад ӕмӕ тых Ды дӕ,
Дӕ аудынӕй ӕфты нӕ тыхыл.
19Уымӕн ӕмӕ нӕ уарт Дунедарӕгӕй лӕвӕрд у,
Израилы Сыгъдӕгӕй – нӕ паддзах.
20Кӕддӕр раргом кодтай Дӕ рӕстгӕнджытӕн
ӕмӕ загътай:
«Ӕз баххуыс кодтон ӕхсарджын фӕтӕгӕн;
сбӕрзонд кодтон адӕмӕй Ме 'взӕрсты.
21Ӕз ссардтон Мӕ цагъар Давиды,
байсӕрстон ӕй Мӕ сыгъдӕг зетийӕ.
22Мӕ арм ын уыдзӕни мыггагмӕ ӕххуыс,
Мӕ цонг ӕй фидар кӕндзӕни.
23Знаг ӕй нӕ басӕтдзӕн,
фыдлӕгтӕй йӕ ничи бафхӕрдзӕн.
24Йӕ размӕ йын ныддӕрӕн кӕндзынӕн
йӕ фыдгулты,
ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдоны ӕрцӕвдзынӕн.
25Ме 'нувыд ӕмӕ Мӕ хорзӕх уыдзысты йемӕ,
Мӕ ном ын ратдзӕни уӕлахиз.
26Денджызыл ын ӕрӕвӕрдзынӕн йӕ къух,
цӕугӕдӕттыл – йӕ рахиз цонг.
27Уый мӕ хондзӕни: „Ды мӕ Фыд дӕ,
мӕ Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг къӕдзӕх“.
28Уый мӕнӕн уыдзӕни хистӕр фырт,
зӕххон паддзӕхтӕй се 'ппӕтӕй стырдӕр.
29Мӕ хорзӕх йемӕ уыдзӕни мыггагмӕ,
Мӕ фидыд йемӕ скӕндзынӕн ӕнӕфехӕлгӕ.
30Йӕ хӕдзарвӕндаг ын адаргъ кӕндзынӕн ӕнустӕм,
йӕ паддзахы бадӕн – арвӕн йӕ бонтау.
31Йӕ цот Ме 'гъдау куы фехалой,
Мӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы нӕ цӕрой,
32Мӕ уагӕвӕрдты сӕрты куы ахизой,
Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы нӕ бавӕрой,
33Уӕд сӕ Мӕ лӕдзӕгӕй бафхӕрдзынӕн
сӕ фыдмиты тыххӕй,
цӕвынӕй – сӕ азымты тыххӕй.
34Фӕлӕ йӕ Мӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай
нӕ фӕкӕндзынӕн,
кӕронмӕ йыл ӕнувыдӕй баззайдзынӕн.
35Мӕ фидыд нӕ аивдзынӕн,
ӕмӕ мӕ дзыхӕй цы рацыд,
уый нӕ фӕсайдзынӕн.
36Ӕз иухатт карз сомы ракодтон Мӕ сыгъдӕг номӕй –
Давидӕн мӕнг нӕ зӕгъдзынӕн:
37Йӕ байзӕддаг цӕрдзӕн мыггагмӕ,
йӕ паддзахы бадӕн, хурау, уыдзӕни Мӕ разы.
38Мӕйау фидар ӕвӕрд уыдзӕни мыггагмӕ,
уый иузӕрдион ӕвдисӕн куыд у арвыл».
39Фӕлӕ ныр Дӕхи атигъ кодтай Де 'взӕрст паддзахыл,
Де 'ргом дзы аздӕхтай, стызмӕг ӕм дӕ.
40Дӕ цагъаримӕ Дӕ фидыд фехӕлдтай,
йӕ паддзахы худ ын ӕрӕппӕрстай зӕххмӕ.
41Йе 'ппӕт къултӕ йын ныппырх кодтай,
йӕ фидӕрттӕй йын дур дурыл нал ныууагътай.
42Давынц дзы йӕ рӕзты ӕппӕт цӕуджытӕ;
йӕ сыхаг адӕмтӕн фӕци фидиссаг.
43Йӕ фыдгулты рахиз къухтыл схӕцыдтӕ бӕрзонд,
йе 'ппӕт знӕгтӕн радтай цин.
44Ды йын скъуымых кодтай йӕ цирхъы ком,
тохы быдыры йын хъару нӕ радтай.
45Байстай йын йӕ намыс,
йӕ паддзахы бадӕн ын раппӕрстай зӕхмӕ.
46Йе 'взонджыбонтӕ йын фӕцыбыр кодтай,
ӕгады ном ыл сӕвӕрдтай. ||
47Кӕдмӕ, Дунедарӕг?
Мыггагмӕ ӕмбӕхсдзынӕ Дӕхи?
Артау кӕдмӕ судздзӕни Дӕ азар?
48Ӕрымыс, мӕ цард куыд цыбыр у:
ахӕм хъысмӕтӕн сфӕлдыстай ӕппӕт адӕмы?
49Адӕмӕй чи царди, ӕмӕ мӕлӕт чи нӕ федта,
ингӕны комӕй чи бахызта йӕхи?
50Кӕм ис Дӕ раздӕры хорзӕх, Дунедарӕг?
Ды Давидӕн сомы кодтай Дӕ иузӕрдиондзинадӕй.
51Ӕрымыс, Дунедарӕг, Дӕ цагъарты куыд ӕгад кодтой;
адӕмты тыхджынтӕй уый мӕ зӕрдӕйы хӕссын.
52Куыд ӕгад кӕнынц Де знӕгтӕ, Дунедарӕг,
куыд ӕгад кӕнынц Де 'взӕрстӕн йӕ фӕндаг!
53Арфӕгонд у Дунедарӕг мыггагмӕ!
Амен, амен!

