Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

68 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      «кӕркусӕг дидинӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
      Давиды псалом.
2 О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн,
      уымӕн ӕмӕ дон схӕццӕ мӕ хъуырмӕ.
3 Ӕз аныгъуылдтӕн лӕсӕны,
      ӕмӕ дзы ӕрлӕууӕн дӕр нӕй;
      бахызтӕн доны арфмӕ,
      ӕмӕ йӕ гуылфӕн скъӕфы мӕн.
4 Ӕз бафӕлладтӕн фӕдисы хъӕрӕй,
      мӕ хъуыр ныххус и, мӕ цӕстыты суадон басур и
      Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй.
5 Ницыгӕнӕгӕй мӕ йе сӕфт чи уыны,
      уыдон мӕ сӕры ӕрдутӕй фылдӕр сты;
      ӕнӕфсонӕй мын бирӕ знӕгтӕ ис,
      тыхджынты фӕнды мӕ фесӕфын.
      Цы сӕ нӕ байстон, уый раттын мӕ домынц.
6 Ды зоныс, Хуыцау, ме 'нӕзонд митӕ,
      мӕ тӕригъӕдтӕ не 'мбӕхсын Дӕуӕй.
7 Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
      Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
      уыдон мӕн аххосӕй ма фӕхудинаг уӕнт;
      Дӕу агурджытӕ мӕн тыххӕй ма фегад уӕнт,
      Израилы Хуыцау.
8 Уымӕн ӕмӕ Дӕ номы сӕраппонд дӕн ӕгад
      ӕмӕ мӕ цӕсгомыл ӕвӕрынц худинаджы гакк.
9 Ме 'фсымӕртӕн сдӕн искӕйон,
      мӕ мадызӕнӕгӕн – ӕцӕгӕлон.
10 Дӕ Хӕдзарыл мӕт мӕ ӕвдӕрзы,
      Дӕ фыдгойгӕнджыты фыдныхӕстӕ
      ӕмбӕлынц мӕныл.
11 Фӕкӕуын ӕмӕ ком фӕдарын,
      ӕмӕ мын уый тыххӕй фидис кӕнынц.
12 Дарӕсы бӕсты мӕ уӕлӕ скӕнын хъисын –
      ӕмбисондӕн мӕ хӕссынц.
13 Мӕ койыл сты кулдуары раз[16] бадӕг адӕм;
      карз нозт чи баназы,
      уыдон мыл кӕнынц сӕ зарджытӕ.
14 Мӕнӕн та мӕ куывд фӕхӕццӕ уӕд Дӕумӕ
      ӕхцон рӕстӕджы, Дунедарӕг;
      Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мын, Хуыцау,
      Дӕ дзуапп уӕд Дӕ ӕцӕг ирвӕзындзинад.
15 Слас мӕ цъымарайӕ, ӕмӕ дзы ма аныгъуылон;
      уӕд ӕз фервӕздзынӕн,
      йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕй
      ӕмӕ дӕтты ӕрфытӕй.
16 Ма мӕ аскъӕфӕд гуылфӕн,
      ма мӕ аныхъуырӕд хуыдым,
      ӕнӕбын уӕрм мӕ сӕрмӕ ма сӕхгӕнӕд йӕ ком.
17 Фехъус мӕ, Хуыцау,
      уымӕн ӕмӕ Дӕ хорзӕх фӕрнджын у;
      Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мӕм Де 'ргом раздах.
18 Дӕ цӕсгом ма аздах Дӕ цагъарӕй;
      батагъд кӕн – дзуапп мын ратт,
      уымӕн ӕмӕ тыхст дӕн.
19 Ӕрбаввахс у мӕ удмӕ, фервӕзын ӕй кӕн;
      ме знӕгтӕй мӕ баиргъӕв.
20 Ды зоныс: нымайынц мӕ фидиссагыл,
      худинаггаг ӕмӕ ӕгадыл;
      мӕ фыдгултӕ ӕгасӕй дӕр Дӕ разы сты.
21 Фидис мӕ зӕрдӕсаст фӕкодта,
      ӕмӕ ӕз слӕмӕгъ дӕн;
      ӕнхъӕлмӕ кастӕн – чи мын батӕригъӕд кӕна,
      ӕмӕ ахӕм ничи разынди,
      ӕнхъӕлмӕ кастӕн ныфсӕвӕрӕгмӕ,
      фӕлӕ не ссардтон.
22 Хойрагӕн мын радтой марг,
      дойны мын уыди, ӕмӕ мын бадардтой дзмари.
23 Сӕ фынг сын фестӕд къӕппӕг,
      сӕ бӕрӕгбоны минас – сахсӕн.
24 Сӕ цӕстытӕ батар уӕнт, куыд нал уыной,
      се стджытӕ ризӕнт мыггагмӕ.
25 Дӕ маст сыл ныккал;
      Дӕ судзгӕ азары цӕхӕры ныххауӕнт.
26 Сӕ зӕхх сӕдзӕрӕг уӕд,
      сӕ цатырты цӕрӕг мауал уӕд.
27 Дӕуӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта,
      уыдоны фӕдыл нырма дӕр зилынц;
      Ды кӕй ӕрцавтай, уыдоны рыстыл ӕфтауынц.
28 Бафтау сын се 'фхӕрдыл ӕфхӕрд,
      ӕмӕ ма ссарӕнт Дӕ хорзӕх.
29 Сӕ нӕмттӕ ист ӕрцӕуӕнт царды Чиныгӕй
      ӕмӕ сӕ рӕстгӕнджытимӕ ма ныффыстӕуӕд.
30 Ӕз та ӕфхӕрд дӕн ӕмӕ риссын;
      О Хуыцау, Дӕ ирвӕзындзинад мӕ бахъахъхъӕнӕд.
31 Зарӕджы стаудзынӕн Хуыцауы ном;
      Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн райгондӕй –
32 Уый Дунедарӕгӕн уӕныг ӕмӕ галӕй,
      сыкъа ӕмӕ сӕфтӕгджынӕй ӕхцондӕр уыдзӕн.
33 Ай фендзысты ӕфхӕрдтытӕ
      ӕмӕ бацин кӕндзысты.
      Уӕ зӕрдӕ барухс уыдзӕни, Хуыцауы агурджытӕ!
34 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хъусы хъуаг ӕййафджыты;
      уацары чи ис, уыдоныл ӕнӕрвӕссон нӕу.
35 Ӕппӕлӕд Хуыцауӕй уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх,
      денджызтӕ ӕмӕ се 'ппӕт змӕлджытӕ.
36 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау фервӕзын кӕндзӕни Сионы,
      самайдзӕн Иудӕйы сахартӕ.
      Уӕд дзы ӕрцӕрдзысты адӕм ӕмӕ уыдзысты сӕ бар,
37 Ӕмӕ Йӕ цагъарты байзӕддӕгтӕн
      баззайдзысты бынтӕн,
      ӕмӕ, Йӕ ном чи уарзы,
      уыдон дзы ӕрбынат кӕндзысты.