35 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Хуыцауы цагъар Давиды псалом.
2 Фыдзондӕн йӕ зӕрдӕйы рӕбынӕй
хъуысы тӕригъӕды хъӕлӕс –
Хуыцауы тас ницы у йӕ цӕсты.
3 Уый йӕхи зӕрдӕ ӕлхӕны,
цыма йӕм йӕ тӕригъӕд феныны
ӕмӕ ныууадзыны фӕнд ис.
4 Йӕ ныхас – фыдӕх ӕмӕ хин;
нӕ йӕ фӕнды, ӕрсабыр уа, ӕрӕмбара,
цӕмӕй кӕна хорз хъуыддӕгтӕ.
5 Йӕ хуыссӕны дӕр ма скӕрды фыдвӕндтӕ,
ныллӕууы зылын фӕндагыл,
фыдмитыл дӕр ӕлгъ нӕ кӕны.
6 Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх у уӕлӕрвтӕм,
Дӕ иузӕрдиондзинад – ӕврӕгъты онг.
7 Дӕ рӕстад – бӕрзонд хӕхтау,
Дӕ уынаффӕтӕ – ӕнӕбын фурд.
Адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты
Ды хъахъхъӕныс, Хуыцау.
8 Аргъ нӕй Дӕ уарзтӕн, Хуыцау!
Адӕмтӕ Дӕ дӕлбазыр ӕссарынц ӕнцой.
9 Дӕ Хӕдзары ӕфсӕдынц сойӕ,
Де 'хцон цӕугӕдонӕй сын суадзыс сӕ дойны.
10 Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ царды суадон;
Дӕ рухсы мах уынӕм рухс.
11 Афтӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр
Дӕ хорзӕх уӕд, Дӕу чи зоны, уыдонимӕ,
Дӕ рӕстад – рӕстзӕрдӕтимӕ.
12 Уадз сӕрыстыр мӕн йӕ къӕхты бын ма ныссӕндӕд,
фыдлӕгты къух ма фӕсурӕд мӕн.
13 Кӕс, фӕкалдысты фыдгӕнджытӕ,
ахаудтой, ӕмӕ сын рабадыны амал нал ис!

