Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

108 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Давиды псалом.
      О Хуыцау, Дӕуӕн кад кӕнын, ма у ӕнӕдзуапп.
2 Уымӕн ӕмӕ фыдлӕгтӕ ӕмӕ мӕнгдзурджытӕ
      сластой се 'взаг мӕ ныхмӕ;
      мемӕ кӕнынц фӕлывд ныхас.
3 Ӕртыхстысты мыл се 'фхӕрӕн ныхӕстимӕ;
      лӕбурынц мӕм ӕнӕфсонӕй.
4 Мӕ уарзтӕн дзуапп дӕттынц знаггадӕй,
      ӕз та уӕддӕр кувын.
5 Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй,
      мӕ уарзт – фыдӕхӕй.
6 Фыдлӕджы дӕлбар бакӕн ме знаджы,
      зылынгӕнӕг ӕрлӕууӕд йӕ рахиз фарс.
7 Тӕрхон ын куы хӕссой, уӕд разынӕд азымджын,
      йӕ куывд нымад ӕрцӕуӕд тӕригъӕдыл.
8 Йӕ бонтӕ фӕцыбыр уӕд,
      йӕ бынат ын бацахсӕд ӕндӕр.
9 Йӕ хъӕбултӕ баззайӕнт сидзӕрӕй,
      йӕ ус – идӕдзӕй.
10 Йӕ хъӕбултӕ баззайӕнт дзӕгъӕл ӕмӕ мӕгуырӕй,
      курӕг цӕуӕд сӕ хӕдзары пырхӕнтӕй.
11 Цыдӕриддӕр ӕм ис, уый бауӕд
      йе 'фстаудӕттӕджы,
      ӕцӕгӕлӕттӕ йын фӕхӕссӕнт
      йӕ цӕнгты фӕллӕйттӕ.
12 Батӕригъӕдгӕнӕг ын мачи уӕд,
      йӕ сидзӕртӕн рӕвдауӕг ма разынӕд.
13 Йӕ байзӕддаг фӕцагъды уӕд,
      фӕстагӕтты ӕхсӕн сӕ ном фесӕфӕд.
14 Хуыцау ын ӕрымысӕд йӕ фыдӕлты азымтӕ,
      йӕ мады тӕригъӕд ӕхсад ма 'рцӕуӕд.
15 Сӕ тӕригъӕдтӕ иудадзыг уӕнт
      Дунедарӕджы цӕсты раз,
      зӕххыл фыдлӕгтӕн сӕ кой дӕр куыд фесафа.
16 Йӕ зӕрды кӕй нӕ уыди хорзӕх кӕнын,
      фӕлӕ мӕгуыр, ӕфхӕрд ӕмӕ зӕрдӕсаст
      адӕймаджы фӕдыл йӕ амарынмӕ кӕй зылди,
      уый тыххӕй.
17 Уарзта ӕлгъитын – ӕмӕ йӕхиуыл ӕрцӕуӕд;
      нӕ йӕ бафӕндыд арфӕдзинад –
      ӕмӕ дзы уый адард уӕд.
18 Ӕлгъыстӕй йӕхи фӕлыста дарӕсау,
      уӕдӕ донау ацӕуӕд йӕ хуылфы,
      зетийау – йе стджыты.
19 Ӕмӕ йыл ӕртыхсӕд уӕлӕдарӕсау,
      кӕддӕриддӕр йӕ астӕуыл баст ронау.
20 Ахӕм уӕд сӕ мызд Дунедарӕгӕй
      мӕ ныхмӕлӕуджытӕн,
      мӕ уды фыдгой чи кодта, уыдонӕн.
21 Мӕныл та, мӕ Хицау Хуыцау,
      Ды бацауд Дӕ номы сӕраппонд;
      Дӕ хорзӕх фӕрнджын у – фервӕзын мӕ кӕн.
22 Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр дӕн,
      мӕ зӕрдӕ мӕ риуы фӕцӕф.
23 Ӕз тайын изӕры аууонау;
      мӕтых куыд риза, афтӕ ризын.
24 Мӕ уӕрджытӕ слӕмӕгъ сты комдардӕй,
      мӕ буар сфӕлахс и сойцухӕй.
25 Сдӕн сын хынджылӕггаг;
      мӕн фенгӕйӕ сӕ сӕртӕ фӕтилынц.
26 Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау;
      Ды уарзӕгой дӕ, ӕмӕ фервӕзын кӕн мӕн.
27 Уадз базоной – уый Дӕ ӕрмдзӕф у,
      уый Ды бакодтай, Дунедарӕг.
28 Уыдон кӕд ӕлгъитынц,
      уӕддӕр Ды арфӕ кӕндзынӕ,
      кӕд ныхмӕ рацӕуынц,
      уӕддӕр фегад уыдзысты;
      Дӕ цагъар та сцин кӕндзӕни.
29 Фӕлыстау сын уыдзӕни фидисы ном
      мӕ ныхмӕлӕуджытӕн,
      худинаг сыл ӕрбатыхсдзӕни пӕлӕзау.
30 Ӕз та зӕрдӕбынӕй ӕппӕлдзынӕн Дунедарӕгӕй,
      стаудзынӕн Ӕй стыр ӕмбырды ӕхсӕн.
31 Уымӕн ӕмӕ Уый мӕгуырӕн йӕ рахиз фарс лӕууы,
      цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕна,
      мӕлӕты тӕрхон ын чи хӕссы, уыдонӕй.