124 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Хуыцауыл ӕууӕндджытӕ Сионы хохы хуызӕн сты:
уый нӕ фӕцуддзӕн, лӕудзӕни мыггагмӕ.
2 Иерусалимы алыварс хӕхтӕ куыд лӕууынц,
афтӕ Дунедарӕг дӕр Йӕ адӕмы алыварс лӕууы
нырӕй ӕмӕ мыггагмӕ.
3 Уымӕ гӕсгӕ рӕстгӕнджыты хъысмӕты сӕргъыл
бирӕ нӕ баззайдзӕн фыдлӕгты барлӕдзӕг,
цӕмӕй рӕстгӕнджытӕн сӕ къух ма фӕтаса
фыдмимӕ.
4 Дӕ хӕрзтӕ ратт, Хуыцау, хӕрзгӕнджытӕн
ӕмӕ рӕстзӕрдӕтӕн.
5 Фӕлӕ зылын фӕндагыл чи ныллӕууыди,
уыдон фыдгӕнджытимӕ фесафдзӕни Хуыцау.
Фӕрнджын уӕд Израил!

