86 Псалом
1 Корейы фыртты псалом.
Зарӕг.
2 Хуыцау сыгъдӕг хохыл сӕвӕрдта Йӕ бындур;
Сионы кулдуар[19] Дунедарӕг
Иаковы ӕппӕт цӕрӕн бынӕттӕй фылдӕр уарзы.
3 Де стырады кой хъуысы, Хуыцауы сахар! ||
4 Мӕн чи зоны, уыдонӕн ӕрымысдзынӕн Раав[20]
ӕмӕ Вавилон;
филистимӕгтӕ дӕр, Тир
ӕмӕ Ефиопи дӕр зӕгъдзысты:
«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг уым райгуырд».
5 Сионы тыххӕй дзурдзысты:
«Ацы адӕймаг ӕмӕ уыцы адӕймаг дӕр
уым райгуырдысты,
ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцау Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта
бындур Сионӕн».
6 Адӕмты сфысты Дунедарӕг ныффысдзӕн:
«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг уым райгуырд». ||
7 Уыдон цӕгъддзысты ӕмӕ зардзысты:
«Ме 'ппӕт арфӕйы суадӕттӕ Дӕумӕ сты».

