73 Псалом
1 Асафы зондамонӕн псалом.
Цӕмӕн ныл атигъ кодтай Дӕхи, Хуыцау?
Цӕмӕн рафыхт Дӕ маст Дӕ сӕрвӕтты фыстӕм?
2 Ӕрымыс Дӕ адӕмы ӕмбырдтӕ,
рагӕй кӕй сӕвзӕрстай –
Дӕхицӕн бындартӕн цы мыггаг балхӕдтай
ӕмӕ Сионы хох, Дӕ цӕрӕн бынат.
3 Дӕ фӕндаг сараз ӕнусон халӕнтӕм:
знаг Кувӕндоны ӕппӕтдӕр ныппырх кодта.
4 Де знӕгты богъ хъуысы Де 'мбырды рӕбын;
се 'гъдӕуттӕ дзы ӕрӕвӕрдтой
уӕлахизы нысанӕн.
5 Уыдон уыдысты, хъӕды къутӕртыл
фӕрӕт ӕнауӕрдонӕй чи ауадзы, уый хуызӕн.
6 Ӕппӕт нывӕфтыдтӕ дзы фехӕлдтой
фӕрӕттӕй ӕмӕ дзӕккортӕй.
7 Арты хай бакодтой Дӕ Кувӕндон;
зӕххыл Дӕ номыл цы сыгъдӕг бынат уыди,
уымӕй фӕхынджылӕг кодтой.
8 Хинымӕр загътой: «Цӕй-ма, иу февнӕлдӕй
ныссӕндӕм се 'ппӕты дӕр».
Ӕмӕ басыгътой, зӕххыл Хуыцаумӕ кӕм куывтам,
ӕппӕт уыцы бынӕттӕ.
9 Дӕ нысӕнттӕ нал уынӕм, нал нӕм ис пехуымпар;
кӕдмӕ афтӕ уыдзыстӕм,
уый зонӕг дӕр нӕм ничи ис.
10 О Хуыцау, кӕдмӕ хынджылӕг кӕндзӕни знаг?
Фыдгул кӕдмӕ цъыф калдзӕни Дӕ номыл?
Дӕ ном мыггагмӕ?
11 Цӕмӕн ныл систай Дӕ къух, Дӕ рахиз къух?
Райс Дӕ къух Де тарӕй ӕмӕ сӕ бабын кӕн!
12 Мӕ Хуыцау – рагзаманӕй мӕ Паддзах,
зӕххыл Уый дӕтты уӕлахиз.
13 Ды Дӕ хъаруйӕ адих кодтай денджыз,
дӕтты ныссастай егъау цӕрӕгойты сӕртӕ.
14 Кӕфхъуындартӕн ныссастай сӕ сӕртӕ
ӕмӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдыры
цӕрӕгойтӕн радтай хӕрынӕн.
15 Ды гом кӕныс доны гуырӕнтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ,
басур кӕныс ӕнусон стыр дӕттӕ.
16 Дӕу у бон ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕу у;
Ды сфӕлдыстай мӕй ӕмӕ хур.
17 Зӕххӕн ӕппӕт арӕнтӕ Ды ӕрӕвӕрдтай,
Ды скодтай сӕрд ӕмӕ зымӕг.
18 Ӕрымыс-ма: знаг фауы Дунедарӕджы,
ӕнӕзонд адӕм ӕлгъитынц Дӕ ном.
19 Сырдты ӕвджид ма бакӕ бӕлойнаг уды цард,
ма ныууадз Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы бынтон рохуаты.
20 Ӕрымыс Дӕ фидыд!
Науӕд зӕххы талынг бынӕттӕ
байдзаг сты тыхгӕнджыты лӕгӕттӕй.
21 Ӕфхӕрд адӕймаджы ӕгадӕй ма раздах;
мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк стауӕнт Дӕ ном.
22 Рацу, Хуыцау, Дӕ хъуыддагыл тохмӕ;
ӕрымыс, ӕнӕзӕндтӕ Дӕ ӕрвылбон куыд
ӕгад кодтой, уый.
23 Ма ферох кӕн Де знӕгты ӕнауӕрдон хъӕр
ӕмӕ Дӕ ныхмӕлӕуджыты ӕнӕнцайгӕ цъӕххаст.

