1 Псалом
1 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
фыдлӕгты уынаффӕйыл чи нӕ цӕуы,
тӕригъӕдджынты фӕндагыл лӕуд чи нӕу,
ӕнӕхуыцӕутты ныхасы чи нӕ бады.
2 Фӕлӕ йын ӕхцон у Хуыцауы ӕгъдау,
ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй ууыл сты йӕ хъуыдытӕ.
3 Уый у, афоныл дыргъ чи дӕтты
ӕмӕ йӕ сыфтӕр кӕмӕн нӕ руайы,
донбыл сагъд ахӕм бӕласау;
цавӕрфӕнды хъуыддагмӕ ма бавналӕд – бантысдзӕн ын.
4 Фыдлӕгты хабар та афтӕ нӕу:
уыдон сты, дымгӕ кӕй ныффӕйлауы,
5 уыцы зыгуымау. Уымӕ гӕсгӕ фыдлӕгтӕ
не сраст уыдзысты тӕрхоны,
тӕригъӕдджынтӕ – рӕстыты ӕхсӕн.
6 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары рӕстыты фӕндагмӕ,
фыдлӕгты фӕндаг та байсӕфдзӕни.

