Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

43 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Корейы фыртты зондамонӕн псалом.
2 О Хуыцау, нӕхи хъустӕй фехъуыстам,
      ӕмӕ нын нӕ фыдӕлтӕ дзырдтой,
      сӕ заманы, рагзаманы
      Ды цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уыдоны тыххӕй.
3 Дӕхи къухӕй фӕсырдтай иннӕ адӕмты,
      уыдоны та дзы ӕрцӕрын кодтай;
      басастай адӕмыхӕттыты ӕмӕ сӕ фӕтардтай.
4 Афтӕмӕй нӕ рагфыдӕлтӕ
      зӕхх сӕ цирхъӕй нӕ байстой,
      уӕлахиз сын сӕхи къух не 'рхаста,
      фӕлӕ Дӕ рахиз цонг,
      Дӕ къух ӕмӕ Дӕ цӕсгомы рухс;
      уымӕн ӕмӕ сыл Ды аудыдтай.
5 Ды мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах дӕ!
      Ды дӕттыс Иаковӕн уӕлахиз.
6 Дӕуимӕ басӕтдзыстӕм не знӕгты;
      къӕхтӕй ныссӕнддзыстӕм нӕ ныхмӕлӕуджыты.
7 Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ нӕ дарын ме 'рдыныл,
      мӕ цирхъ дӕр мӕ нӕ бахиздзӕни.
8 Фӕлӕ-иу нӕ Ды баиргъӕвтай не знӕгтӕй,
      махӕй йе сӕфт чи уыны,
      уыдоны-иу ӕртардтай ӕгадмӕ.
9 Хуыцауӕй уыди не 'ппӕлд алы бон дӕр,
      ӕмӕ стаудзыстӕм мыггагмӕ Дӕ ном. ||
10 Фӕлӕ ныл абон атигъ кодтай Дӕхи,
      ныууагътай нӕ ӕгады бынаты,
      нӕ рацӕуыс не 'фсадимӕ.
11 Не знӕгтӕй нӕ лидзӕг фӕкодтай,
      махӕй йе сӕфт чи уыны, уыдон нӕ стигъынц.
12 Фыстау нӕ радтай ӕргӕвдынмӕ,
      ныппырх нӕ кодтай иннӕ адӕмтыл.
13 Ӕгӕр аслам радтай Дӕ адӕмы –
      ӕфтиаг дзы нӕ райстай.
14 Ды нӕ фидиссаг фӕкодтай нӕ сыхӕгтӕн,
      нӕ алыварс чи цӕры,
      уыдон нӕ ӕфхӕрынц ӕмӕ ныл худынц.
15 Адӕмтӕ мах ӕрхӕссынц ӕмбисондӕн,
      сӕ сӕртӕ ныл тилынц иннӕ адӕмтӕ.
16 Ӕгад кӕй дӕн, уый уынын алы бон дӕр,
      мӕ цӕсгом судзы худинагӕй
17 Фидисгӕнӕджы ӕмӕ ӕфхӕрӕджы ныхӕстӕй,
      фыдгулы ӕмӕ мастисӕджы цӕстӕнгасӕй.
18 Ӕппӕт уыдӕттӕ баййӕфтой нӕ сӕртӕ;
      фӕлӕ Дӕ уӕддӕр мах нӕ ферох кодтам
      ӕмӕ Дӕ фидыд нӕ фехӕлдтам.
19 Нӕ зӕрдӕ Дыл не сивтам,
      нӕ адзӕгъӕл стӕм Дӕ фӕндагӕй.
20 Ды та нӕ ныссӕстай
      хъӕддаг куыйты бӕстӕйы
      ӕмӕ нӕ бамбӕрзтай мӕлӕты аууонӕй.
21 Мах нӕ Хуыцауы ном куы ферох кодтаиккам,
      нӕ къухтӕ куы сдардтаиккам ӕндӕр хуыцаумӕ,
22 Уӕд нӕ Хуыцау нӕ федтаид, ӕви?
      Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйы ӕмбӕхст цы ис,
      уыдӕттӕ Хуыцау зоны.
23 Фӕлӕ нӕ Дӕ номы тыххӕй марынц ӕрвылбон,
      нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл.
24 Ракӕс, Дунедарӕг, цӕмӕн фынӕй кӕныс!
      Райхъал у, Дӕ къух ныл ма сис бынтондӕр.
25 Дӕ цӕсгом нӕ цӕмӕн ӕмбӕхсыс?
      Цӕмӕн Дӕ ферох сты нӕ удхар ӕмӕ не 'фхӕрд?
26 Рыгӕй уӕлдай нал стӕм, зӕххӕмвӕз систӕм.
27 Рацу нӕм ӕххуысмӕ,
      ссӕрибар нӕ кӕн Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ!