Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

58 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
      Давиды кадӕг,
      Йӕ амарыны тыххӕй йын Саул
      йӕ хӕдзармӕ хъусдарӕг куы арвыста,
      уый фӕдыл.
2 Мӕ Хуыцау, бахиз мӕ ме знӕгтӕй;
      мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыдонӕй мӕ бахъахъхъӕн.
3 Бахиз мӕ фыдгӕнджытӕй;
      фервӕзын мӕ кӕн тугцъиртӕй.
4 Кӕс, куыд къӕппӕввонгӕй лӕууынц мӕ удмӕ;
      тыхджынтӕ мӕ ныхмӕ мӕ фыдмийы
      ӕмӕ фыдракӕнды тыххӕй
      не 'рӕмбырд сты, Дунедарӕг.
5 Ӕз аххосджын нӕ дӕн,
      афтӕмӕй ӕмбырдтӕ кӕнынц гӕрзифтонгӕй;
      фӕзын, ӕркӕс мӕ дзыназынмӕ.
6 Ды, Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
      Израилы Хуыцау, рацу ӕппӕт адӕмы бафхӕрынмӕ,
      Дӕуыл гадзрахатӕй чи рацыди,
      уыдонӕй иуыл дӕр ма бацауӕрд. ||
7 Уыдон ӕрбаздӕхынц изӕрӕй,
      ниуынц куыйтау ӕмӕ зилынц сахары алыварс.
8 Кӕс-ма, сӕ дзыхӕй цы ныхӕстӕ рацӕуы,
      цыма се 'взӕгтӕ цирхъытӕ сты
      ӕмӕ фӕзӕгъынц: «Чи нӕ хъусы?»
9 Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг;
      Ды фегад кӕндзынӕ ӕппӕт адӕмты.
10 Мӕ тых Ды дӕ, ме скаст Дӕумӕ у,
      уымӕн ӕмӕ Ды, Хуыцау, мӕ мӕсыг дӕ.
11 Мӕ аудӕг Хуыцау мӕ разӕй цӕудзӕн;
      Хуыцау мын ратдзӕни ме знӕгтӕм
      райгӕйӕ кӕсыны фадат.
12 Ма сӕ фӕцӕгъд ӕвиппайды,
      цӕмӕй мӕ адӕмӕй ма ферох уа;
      ныффӕйлау сӕ Дӕ хъаруйӕ,
      ӕрхауын сӕ кӕн, Дунедарӕг – нӕ уарт.
13 Сӕ тӕригъӕд – сӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ;
      уадз, куыд схъал сты, афтӕ сӕхи хызы бахауӕнт,
      уымӕн ӕмӕ ӕлгъыст ӕмӕ мӕнг – сӕ былалгъыл.
14 Кӕрон сын скӕн карзӕй, кӕрон, ӕмӕ мауал уой.
      Уӕд базондзысты зӕххы кӕронмӕ,
      Иаковӕн Хуыцау йӕ Паддзах кӕй у. ||
15 Уыдон ӕрбаздӕхынц изӕрӕй,
      ниуынц куыйтау ӕмӕ зилынц сахары алыварс.
16 Уыдон зилынц хойраг агурӕг
      ӕмӕ йӕ куы нӕ ссарынц, уӕд фӕниуынц.
17 Ӕз та зардзынӕн Дӕ тыхыл,
      сӕумӕйӕ расиддзынӕн Дӕ хорзӕх;
      уымӕн ӕмӕ мын фыдӕхы заман
      мӕсыг ӕмӕ хъахъхъӕнӕг Ды уыдтӕ.
18 Ды мӕ тых дӕ! Ӕз Дӕуыл зардзынӕн,
      уымӕн ӕмӕ Ды, Хуыцау, мӕнӕн мӕсыг дӕ,
      мӕ уарзӕгой Хуыцау.