33 Псалом
1 Давиды псалом.
Давид Авимелехы раз
ӕррайы ӕфсон куы скодта,
ӕмӕ йӕ Авимелех куы фӕсырдта,
ӕмӕ уырдыгӕй куы ацыд, уый фӕдыл.
2 Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Хуыцауӕн;
Уымӕй ӕппӕлын уыдзӕн иудадзыг мӕ былалгъыл.
3 Мӕ уд ӕппӕлдзӕни Дунедарӕгӕй;
уадз фехъусой уый ӕфхӕрдтытӕ ӕмӕ цин кӕной.
4 Стаут мемӕ Хуыцауы,
иумӕ сбӕрзонд кӕнӕм Йӕ ном.
5 Ӕз агуырдтон Дунедарӕджы, ӕмӕ мӕ фехъуыста;
бахызта мӕ, тас мын цӕмӕй уыд, ӕппӕт уыдӕттӕй.
6 Уымӕ йе 'ргом чи аздахы уыдон срухс вӕййынц;
сӕ сӕртӕ нӕ фегад уыдзысты.
7 Мӕгуыр скуывта – Дунедарӕг ӕй фехъуыста,
бахызта йӕ йе 'ппӕт бӕллӕхтӕй.
8 Хуыцауӕй чи тӕрсы,
Йӕ зӕд уыдоны алыварс лӕууы
ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны.
9 Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут,
Хуыцау куыд хорз у, уый!
Тӕхудиаг у, Дунедарӕджы бар йӕхи чи бакӕны.
10 Тӕрсут Хуыцауӕй, Йӕ сыгъдӕджытӕ;
чи Дзы тӕрсы, уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц.
11 Домбӕйттӕ дӕр слӕмӕгъ вӕййынц,
баййафынц ӕххормаг;
Хуыцауы чи агуры,
уыдон та ӕнӕхай не сты иу хорзӕхӕй дӕр.
12 Ӕрцӕут, мӕ хъӕбултӕ, ӕмӕ мӕм байхъусут;
ӕз уӕ сахуыр кӕндзынӕн Хуыцауӕй куыд тӕрсын хъӕуы, ууыл.
13 Бӕллыс ды цардмӕ,
уарзыс цӕрӕнбонтӕ ӕмӕ агурыс хӕрзӕбон?
14 Де 'взагӕй фыд ма ракӕн,
ӕмӕ дӕ дзыхӕй мӕнгард ныхас ма рацӕуӕд.
15 Аиуварс у фыдмийӕ ӕмӕ у хӕрзгӕнӕг;
ссар фидыды фӕндаг ӕмӕ йыл цу.
16 Хуыцауы цӕстытӕ сты рӕстгӕнджыты 'рдӕм,
Йӕ хъустӕ та – сӕ дзыназынмӕ.
17 Фӕлӕ Хуыцауы цӕсгом фыдгӕнджыты ныхмӕ у,
цӕмӕй сын зӕххыл сӕ кой дӕр фесафа.
18 Рӕстытӕ Йын балӕгъстӕ кӕнынц,
Дунедарӕг сӕ фехъусы
ӕмӕ сӕ бахизы се 'ппӕт бӕллӕхтӕй.
19 Хӕстӕг у Хуыцау састзӕрдӕтӕм,
ирвӕзын кӕны рыстудты.
20 Бирӕ зынтӕ ӕвзары рӕстгӕнӕг,
фӕлӕ йӕ Дунедарӕг се 'ппӕтӕй дӕр бахизы.
21 Хуыцау ын хъахъхъӕны йе уӕнгтӕ,
ӕмӕ дзы иу дӕр нӕ асӕтдзӕни.
22 Фыдлӕджы амардзӕни йӕхи фыдӕх;
рӕстгӕнӕгӕй йе сӕфт чи уыны,
уыдон баййафдзысты ӕфхӕрд.
23 Хуыцау бахиздзӕн Йӕ цагъарты удтӕ,
чи Йыл ӕууӕнды, уыдонӕй ӕфхӕрд ничи уыдзӕн.

