76 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
Едифумӕн.
Асафы псалом.
2 Хуыцаумӕ у мӕ ныхас,
Хуыцаумӕ у мӕ дзыназыны хъӕлӕс;
Уый фехъусдзӕни мӕн.
3 Мӕ хъыджы бон агурын Хуыцауы,
ӕхсӕвдӕргъы Йӕм мӕ къухтӕ фӕдарын;
мӕ уд нал исы ӕнцой.
4 Хуыцауы мысын ӕмӕ хъӕрзын;
хъуыды кӕнын, ӕмӕ руайы мӕ уд.
5 Ды нӕ уадзыс мӕ цӕстытӕ ӕрцъынд кӕнын;
фӕдӕн зӕрдӕсаст ӕмӕ дзурын нал фӕразын.
6 Мӕ хъуыдытӕ – нӕ рагбонтыл, ивгъуыд азтыл.
7 Ӕхсӕвыгон ӕрымысын мӕ зарджытӕ,
мӕ зӕрдӕйы нывӕндын мӕ хъуыдытӕ,
мӕ уд агуры дзуапп:
8 «Цымӕ нӕ Дунедарӕг бынтон ныууагъта
ӕмӕ ныл нырӕй фӕстӕмӕ нал ауддзӕн?
9 Цымӕ нӕм Йӕ уарзт бынтондӕр ахуыссыди,
нӕ фидӕны фӕлтӕртӕн Йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ
сӕ тыхы нал сты?
10 Хуыцауӕй ӕцӕг ферох хатыр кӕнын
ӕмӕ фырмӕстӕй Йӕ хорзӕхы дуӕрттӕ сӕхгӕдта?» ||
11 Уӕд загътон: «Мӕ зӕрдӕйы рыст уый у,
ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцау нӕ сӕрыл кӕй нал хӕцы».
12 Фӕлӕ ӕрымысдзынӕн Дунедарӕгӕн Йе 'рмдзӕф;
ӕрымысдзынӕн Дӕ рагзаманы диссӕгтӕ.
13 Мӕ зӕрдыл дардзынӕн Де 'ппӕт хъуыддӕгтӕ,
мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Де 'рмдзӕфыл.
14 Дӕ фӕндаг рухс у, Хуыцау!
Кӕцы хуыцау у нӕ Хуыцауӕй стырдӕр!
15 Ды диссӕгтӕгӕнӕг Хуыцау дӕ;
Ды равдыстай Дӕ хъомыс адӕмты ӕхсӕн.
16 Ды бахызтай Дӕ адӕмы Дӕ цонджы тыхӕй,
Иаков ӕмӕ Иосифы фыртты. ||
17 Дӕу федтой, Хуыцау, дӕттӕ,
Дӕу федта денджыз ӕмӕ банкъуысти;
ӕнӕбын хуыдымтыл дӕр ризӕг бахӕцыди.
18 Ӕврӕгътӕй калди дон,
мигътӕй-иу хъуысти гыбар-гыбур,
Дӕ фаттӕ цӕхӕркалгӕйӕ тахтысты.
19 Зилгӕуады хъуысти Дӕ ӕрвнӕрд,
ӕрвӕрттывд-иу ныррухс кодта дун-дуне;
зӕхх ӕнкъуысыд ӕмӕ рызти.
20 Дӕ фӕндаг – денджызыл,
Дӕ надвӕд – стыр дӕттыл;
Дӕ къахвӕндӕгтӕн раиртасӕн нӕй.
21 Кодтай Дӕ адӕмы фысты дзугау,
Моисей ӕмӕ Аароны къухӕй.

