113 Псалом
1 Израил куы рацыд Мысырӕй,
Иаковы хӕдзарвӕндаг – ӕцӕгӕлон ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕй,
2 Уӕд Иудӕ сси Хуыцауӕн сыгъдӕг,
Израил – Йӕ исбон.
3 Денджыз уый куы федта, уӕд лидзынмӕ фӕци;
Иорданы цӕугӕдон фӕстӕрдӕм фӕцыд.
4 Хӕхтӕ гӕппытӕ кодтой фырытау,
обӕуттӕ – уӕрыччытау.
5 Цы дыл ӕрцыд, денджыз, лидзынмӕ цы фӕдӕ,
ӕмӕ дӕуыл, Иордан, фӕстӕрдӕм цы фӕцыдтӕ?
6 Цы гӕппытӕ кӕнут, фырытау, хӕхтӕ,
уӕрыччытау – обӕуттӕ?
7 Бариз, зӕхх, Дунедарӕджы цӕсгомы раз,
Иаковы Хуыцауы цӕсгомы раз.
8 Дунедарӕг къӕдзӕх фестын кӕны цад,
айнӕг – доны гуырӕн.
9 Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ,
фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕнӕкӕрон у Дӕ уарзт
ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад.
10 Цӕмӕн хъуамӕ дзурой муртаттӕ:
«Кӕм ис, уӕдӕ, сӕ Хуыцау?»
11 Нӕ Хуыцау уӕлӕрвты ис;
ӕмӕ Йӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый кӕны.
12 Уыдонӕн та сӕ гуымирытӕ –
ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин –
адӕймаджы къухтӕй конд.
13 Ис сын дзыхтӕ, фӕлӕ дзурын нӕ зонынц;
ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ нӕ уынынц.
14 Ис сын хъустӕ, фӕлӕ нӕ хъусынц;
ис сын фындзтӕ, фӕлӕ не 'мбудынц.
15 Ис сын къухтӕ, фӕлӕ уырзӕй не 'нкъарынц;
ис сын къӕхтӕ, фӕлӕ цӕуын нӕ зонынц;
ис сын хъуыртӕ, фӕлӕ сӕ уынӕр нӕ райхъуысы.
16 Чи сӕ аразы ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдон дӕр уыцы гуымирытӕй уӕлдай не сты.
17 Израилы адӕм!
Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –
Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ нӕ уарт.
18 Аароны хӕдзарвӕндаг!
Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –
Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ уарт.
19 Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдон!
Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –
Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ уарт.
20 Дунедарӕг нӕ рох кӕны мах,
арфӕ нын кӕндзӕни:
арфӕ кӕндзӕни Израилы хӕдзарыл,
арфӕ кӕндзӕни Аароны хӕдзарыл.
21 Арфӕ кӕндзӕн, Дунедарӕджы чи нымайы,
уыдонӕн стырӕй-чысылӕй.
22 Дунедарӕг уӕ скӕнӕд фылдӕрӕй-фылдӕр –
сымах дӕр ӕмӕ уӕ цоты дӕр.
23 Арфӕгонд стут сымах арв ӕмӕ зӕхх
сфӕлдисӕг Хуыцауӕй.
24 Уӕлӕрвтӕ – Хуыцауы сты уыдон,
зӕхх та радта Уый лӕджы фырттӕн.
25 Мӕрдтӕ нӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн,
нӕдӕр ӕнӕсым ингӕнмӕ цӕуджытӕ;
26 Мах та стаудзыстӕм Дунедарӕджы,
абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ.
Алилуйа!

