139 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2 Бахиз мӕ, Дунедарӕг, фыдзӕрдӕ адӕймагӕй;
бахъахъхъӕн мӕ тыхгӕнӕгӕй.
3 Уыдон кӕнынц фыдвӕндтӕ,
хӕст амайынц ӕрвылбон.
4 Калмы ӕвзагау сцыргъ кӕнынц се 'взӕгтӕ;
залиаг калмы марг – сӕ дӕлӕвзаг. ||
5 Бахъахъхъӕн мӕ, Дунедарӕг, фыдлӕджы къухтӕй,
бахиз мӕ тыхгӕнджытӕй,
мӕ къӕхты фӕцудынмӕ чи бӕллы, уыдонӕй.
6 Сӕрыстыртӕ ме 'рцахсынӕн сӕвӕрдтой сахсӕнтӕ,
мӕ фӕндагыл айтыгътой сӕ хызты бӕндӕнтӕ,
сӕвӕрдтой мын къӕппӕджытӕ. ||
7 Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ды мӕ Хуыцау дӕ»;
фехъус, Дунедарӕг, мӕ кувыны хъӕлӕс,
батӕригъӕд мын кӕн.
8 О мӕ Хицау Хуыцау,
Ды дӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг тых!
Ды рахӕцыс мӕ сӕрыл тохы бон.
9 Дунедарӕг, фыдлӕгмӕ цы фӕнд ис,
уым ын ма ратт ӕнтыст;
ма йӕ бауадз йӕ фыдвӕнд сӕххӕст кӕнын,
цӕмӕй уыдон сӕхи ма сбӕрзонд кӕной. ||
10 Мӕныл чи ӕртыхсти,
уыдонӕн сӕхи сӕрыл ӕрцӕуӕд
се 'взӕгтӕй рацӕугӕ фыдӕх.
11 Судзгӕ цӕхӕр сыл ракӕлӕд;
ӕппӕрст ӕрцӕуӕд арты, ӕнӕбын уӕрмы,
цӕмӕй дзы мауал схизой.
12 Маргӕвзаг адӕймагӕн зӕххыл бынат ма разынӕд;
фыдӕх зилӕд тыхгӕнӕджы фӕдыл,
йӕ уӕззау цӕфтӕ йӕ сурӕнт.
13 Ӕз зонын, Хуыцау балӕудзӕн
ӕфхӕрдтытӕн сӕ хъуыддаджы,
рахӕсдзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон мӕгуыртӕн.
14 Бӕлвырд, сыгъдӕджытӕ стаудзысты Дӕ ном,
рӕстытӕ цӕрдзысты Дӕ цӕсгомы раз.

