24 Псалом
1 Давиды псалом.
Дӕумӕ бӕллы мӕ зӕрдӕ, Хуыцау.
2 Дӕуӕй ныфсджын дӕн, мӕ Хуыцау.
Ды мӕ не 'руадздзынӕ ӕгадмӕ,
цӕмӕй мыл ме знӕгтӕ ферайой.
3 Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдон дӕр нӕ фегад уыдзысты.
Кӕй фыдвӕндтӕй ницы рауайдзӕни,
ӕгад уыдон фӕуыдзысты.
4 Бацамон мын, Хуыцау, Дӕ фӕндӕгтӕ
ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн Дӕ надвӕттыл цӕуын.
5 Сараз мӕ Дӕ ӕцӕгадыл, сахуыр мӕ кӕн,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау дӕ;
Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ иудадзыг.
6 Ӕрымыс, Хуыцау, рагзамантӕй кӕй ӕвдисыс,
Дӕ уыцы хорзӕх ӕмӕ уарзт.
7 Ме 'взонджыбонты тӕригъӕдтӕ
ӕмӕ фыдмитӕ мын ма ӕрымыс;
Дӕ уарзт ӕмӕ Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ
ӕрымыс мӕн, Дунедарӕг.
8 Хуыцау хӕрзгӕнӕг ӕмӕ ӕнӕхӕрам у;
уымӕн аразы тӕригъӕдджынты раст фӕндагыл.
9 Фӕлмас адӕймӕгты аразы рӕстдзинадыл,
сабыртӕн амоны Йӕ фӕндаг.
10 Хуыцауы ӕппӕт фӕндӕгтӕ
сты хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад,
Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры
ӕмӕ йын Йӕ амындмӕ чи хъусы, уыдонӕн.
11 Мӕ тӕригъӕд уӕззау у, ӕмӕ мын ӕй ныххатыр кӕн
Дӕ номы сӕраппонд, Дунедарӕг!
12 Хуыцауӕй чи тӕрсы, чи у уыцы адӕймаг?
Хуыцау ын бацамондзӕни,
цавӕр фӕндаг ӕй равзарын хъӕуы, уый.
13 Йӕ уд ссардзӕн фарн,
зӕхх бауыдзӕн йӕ байзӕддӕгты.
14 Хуыцауӕй чи тӕрсы,
уыдонӕй не 'мбӕхсы Йӕ сусӕгад,
ӕргом сын кӕны Йӕ фӕдзӕхст.
15 Мӕ цӕстытӕ иудадзыг Дунедарӕгмӕ кӕсынц;
мӕ къӕхтӕ мын хызӕй Уый суӕгъд кӕны.
16 Раздӕх мӕм Де 'ргом ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕз иунӕг ӕмӕ ӕфхӕрд дӕн.
17 Мӕ зӕрдӕйы мастыл
ноджыдӕр бафтыди;
фервӕзын мӕ кӕн мӕ бӕллӕхтӕй.
18 Ӕркӕс мӕ тыхстмӕ, мӕ хъизӕмармӕ
ӕмӕ мын ныббар ме 'ппӕт тӕригъӕдтӕ.
19 Акӕс-ма ме знӕгтӕм – куыд бирӕ сты,
куыд ӕбуалгъы ӕнӕуынон сын дӕн!
20 Бахиз мын мӕ уд, баиргъӕв мӕ,
ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.
21 Ӕнӕфау цард ӕмӕ мӕ рӕстад
уӕнт мӕ хъахъхъӕнджытӕ,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ныфс дӕ.
22 Хуыцау, фервӕзын кӕн Израилы
йе 'ппӕт бӕллӕхтӕй.

