7 Псалом
1 Вениамины хӕдзарвӕндагӕй рацӕуӕг
Кушы ныхӕсты фӕдыл
Давид Хуыцауӕн кӕй азарыд,
уыцы ӕнкъард зарӕг.
2 О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
Дӕ дӕлбазыр ӕмбӕхсын;
фервӕзын мӕ кӕн,
баиргъӕв мӕ ме 'ппӕт фӕдылзилджытӕй.
3 Науӕд, тугдзых домбӕйттау,
фелвасдзысты мӕ уд
ӕмӕ йӕ ныскъуыдтӕ кӕндзысты,
ирвӕзынгӕнӕг мын куынӕ уа, уӕд.
4 О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
кӕд ӕвзӕрӕй исты сарӕзтон,
кӕд мӕ къухтӕй фыд ракодтон,
5 Кӕд хорз ӕвзӕрӕй бафыстон
кӕнӕ, ӕназымӕй ӕнӕуынон кӕмӕн сдӕн,
уымӕн фыдбылыз сарӕзтон,
6 Уӕд знаг мӕн амарынмӕ зилӕд мӕ фӕдыл
ӕмӕ йын бантысӕд,
зӕххы хай мӕ бакӕнӕд,
мӕ кад рыгӕй уӕлдай мауал уӕд. ||
7 Рацу тызмӕгӕй, Дунедарӕг;
сыст ме схъӕл знӕгты ныхмӕ.
Райхъал у ӕмӕ рахӕсс тӕрхон
Дӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
8 Ӕрӕмбырд уӕнт алы адӕмтӕ
ӕмӕ ӕрлӕууӕнт Дӕ алыварс;
бӕрзондӕй сыл Дӕ цӕст ахӕсс.
9 Дунедарӕг тӕрхон кӕны адӕмтӕн.
Тӕрхон мын рахӕсс, Хуыцау,
куыд раст дӕн ӕмӕ куыд ӕназым дӕн, афтӕ.
10 О рӕстгӕнӕг Хуыцау,
фыдлӕгты хӕрам митӕн ӕрцӕуӕд кӕрон,
рӕстылдзӕуӕгӕн та ратт хъару –
Ды фӕлварыс зӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕндтӕ.
11 Хуыцау мӕ уарт у –
ирвӕзын кӕны рӕстзӕрдӕты.
12 Хуыцау ӕнӕхӕрам тӕрхонгӕнӕг у,
Хуыцау алы бон дӕр карзӕй домы дзуапп.
13 Куы нӕ Йӕм раздӕхой,
уӕд сцыргъ кӕндзӕн Йӕ цирхъ,
айваздзӕн Йӕ ӕрдынбос,
сараздзӕн ӕй бӕлвырд мысанмӕ.
14 Цӕттӕ кӕны мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгӕрзтӕ;
аразы Йӕ зынг фаттӕ.
15 Мӕнӕ фыдлӕг йӕ зӕрдӕйы
байтыдта тӕригъӕды нӕмыг,
уый ауагъта фыдӕхы уидӕгтӕ
ӕмӕ ӕрхаста дыргъ – мӕнгдзинад.
16 Иннӕмӕн къахта дзыхъхъ,
сцӕттӕ йӕ кодта,
ӕмӕ йӕ къахт уӕрмы ныххаудта йӕхӕдӕг.
17 Йӕ хӕрам ӕрцӕудзӕн йӕхи сӕрыл,
йӕ фыдми ӕрхаудзӕн йӕ тенкайыл.
18 Ӕз Дунедарӕджы стауын Йӕ рӕстады тыххӕй,
зарын Бӕрзонд Хуыцауы номы кадӕн.

