Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

21 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      «Сӕумӕйы хъуаз»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
      Давиды псалом.
2 Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн ныууагътай мӕн?
      Куыд нӕ фӕзыныс мӕн фервӕзын кӕнынмӕ,
      куыд нӕ Дӕм хъуысы мӕ дзыназын!
3 Мӕ Хуыцау! Хъӕр Дӕм кӕнын бонӕй –
      дзуапп нӕ дӕттыс,
      хъӕр Дӕм кӕнын ӕхсӕв дӕр –
      ӕнцой не 'ссарын.
4 Ды, Сыгъдӕг, цӕрыс Израилы кады
      ныхӕсты ӕхсӕн;
5 Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ нӕ фыдӕлтӕ;
      сӕ зӕрдӕ Дыл дардтой, ӕмӕ-иу сӕ бахызтай.
6 Дӕумӕ дзынӕзтой, ӕмӕ-иу сӕ фервӕзын кодтай;
      сӕ зӕрдӕ Дыл дардтой,
      ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.
7 Ӕз та адӕймаг нӕ, фӕлӕ уаллон дӕн;
      дзыллӕйӕн ӕгад ӕмӕ адӕмӕн ӕлгъаг.
8 Мӕн чи уыны, уыдон мыл худынц;
      сӕ сӕртӕ тилынц ӕмӕ былысчъилӕй дзурынц:
9 «Дунедарӕгыл дардта йӕ зӕрдӕ –
      ныр ӕй фӕрвӕзын кӕнӕд;
      кӕд ыл ауды, уӕд ӕй ссӕрибар кӕнӕд».
10 Мӕ мады гуыбынӕй мӕ куы ракодтай,
      хъӕбысы ма куы уыдтӕн,
      уӕд дӕр мӕ хъахъхъӕдтай.
11 Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн;
      мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн,
      уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ Хуыцау дӕ.
12 Ма адард у мӕнӕй,
      уымӕн ӕмӕ мӕ хъизӕмары бон ӕввахс у,
      ӕххуысгӕнӕг та нӕй.
13 Бирӕ галтӕ мыл ӕрхъула,
      хӕрзхаст басайнаг галтӕ мыл ӕртыхстысты.
14 Байгом мӕм кодтой сӕ дзых,
      йӕ амӕддаджы баййафӕг
      ӕмӕ богътӕгӕнӕг домбайау.
15 Ӕз ныппырх дӕн донау;
      ме стджытӕ кӕрӕдзийыл нал хӕцынц;
      мӕ зӕрдӕ мыдадзау батади мӕ риуы.
16 Ӕлыгӕй конд дурынау мӕ тых бахус,
      ме 'взаг нындӕгъди мӕ комыл;
      ингӕны сыджыты нывӕрдтай мӕн.
17 Куыйтӕ мыл ӕрхъула сты,
      фыдлӕгты ӕрдонг мыл ӕртыхст,
      мӕ къухты ӕмӕ мӕ къӕхты
      ныххостой ӕфсӕйнӕгтӕ.
18 Мӕ фӕрсчытӕн ис банымайӕн;
      уыдон та мӕм кӕсынц,
      ӕмӕ сын сдӕн хиирхӕфсӕн.
19 Сӕ кӕрӕдзийыл уарынц мӕ дарӕс,
      мӕ пӕлӕзыл ӕппарынц хӕлттӕ.
20 Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ма адард у мӕнӕй!
      Ды мӕ тых дӕ,
      тагъддӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ.
21 Мӕ уд мын бахиз цирхъӕй,
      мӕ иунӕг цард – куыйтӕй.
22 Баиргъӕв мӕ домбайы комӕй;
      бахиз мӕ хъӕддаг галты сыкъатӕй.
23 Дӕ номы тыххӕй дзурдзынӕн ме 'фсымӕртӕн,
      Дӕ адӕмы ӕхсӕн ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй.
24 Хуыцауӕй тӕрсджытӕ, стаут Ӕй!
      Иаковы ӕппӕт байзӕддӕгтӕ, скад Ын кӕнут.
      Нымайут Ӕй, Израилы ӕппӕт адӕм.
25 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕнӕрвӕссон нӕ уыди
      ӕфхӕрд адӕймагыл
      ӕмӕ нӕ аздӕхти йӕ хъизӕмӕрттӕй;
      Йӕхи дзы нӕ бамбӕхста,
      фӕлӕ Йӕм уый ӕххуысмӕ куы фӕдзырдта,
      уӕд ӕй фехъуыста.
26 Стыр ӕмбырды Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн;
      дзырд Дын цӕй тыххӕй радтон,
      уыдӕттӕ ӕххӕст кӕндзынӕн,
      Дӕу чи нымайы, уыдоны раз.
27 Къӕбӕр хӕрдзысты мӕгуыртӕ
      ӕмӕ бафсӕддзысты;
      Хуыцауы скадджын кӕндзысты,
      чи Йӕ агуры, уыдон!
      Уадз мыггагмӕ уой цардӕфсӕст.
28 Уый ӕрымысдзысты ӕппӕт зӕххы цӕрджытӕ
      ӕмӕ раздӕхдзысты Дунедарӕгмӕ;
      Дӕ разы ӕрзоныг уыдзысты адӕмтӕ иууылдӕр.
29 Уымӕн ӕмӕ паддзахад Хуыцауы у,
      адӕмтӕн Уый у Бардарӕг.
30 Ныллӕг акувдзысты Уымӕн
      ӕппӕт зӕххы цардӕфсӕст бонджынтӕ;
      Йӕ разы ӕрзоныг уыдзысты сыджытмӕ цӕуджытӕ
      ӕмӕ йӕ удӕн мадзал чи нӕ зоны,
      уыдон иууылдӕр.
31 Мӕ байзӕддӕгтӕ кусдзысты Уымӕн,
      мыггагмӕ хӕсдзысты Хуыцауы адӕмы ном.
32 Ӕмӕ цӕудзысты
      ӕмӕ дзурдзысты Йӕ рӕстдзинадыл,
      ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕн Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй.