Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

96 Псалом

1 Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны;
      райӕд зӕхх, цин кӕнӕнт ӕппӕт сакъадӕхтӕ.
2 Мигътӕ ӕмӕ тар – Йӕ алфамбылай;
      рӕстад ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон –
      Йӕ паддзахады бындур.
3 Арт цӕуы Йӕ разӕй ӕмӕ зынг ӕфтауы
      Йе знӕгтыл Йӕ алыварс.
4 Йӕ арвӕрттывд ныррухс кӕны дун-дуне;
      зӕхх уый уыны ӕмӕ ризы.
5 Мыдадзау тайынц хӕхтӕ Дунедарӕджы раз,
      ӕппӕт зӕххы Хицауы цӕсгомы раз.
6 Арв сиды Йӕ рӕстад, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ
      уынынц Йӕ кад.
7 Фегад уӕнт, гуымирытӕм чи кувы,
      мӕнгхуыцӕуттӕй чи ӕппӕлы, уыдон иууылдӕр.
      Ӕрхаут Дунедарӕджы раз, ӕппӕт хуыцӕуттӕ[22]!
8 Хъусы Сион ӕмӕ цин кӕны,
      Дӕ раст тӕрхонтыл райынц, Дунедарӕг,
      Иудӕйы чызджытӕ;
9 Уымӕн ӕмӕ Ды Бӕрзонд Хуыцау Дӕ
      ӕппӕт зӕххӕн,
      бӕрзонд у Дӕ кад ӕппӕт хуыцӕутты сӕрмӕ.
10 Сымахӕн, Хуыцауы уарзджытӕн,
      фыдӕх уӕд ӕнӕуынон!
      Дунедарӕг хъахъхъӕны Йӕ сыгъдӕджыты цард;
      бахизы сӕ фыдлӕгты къухӕй.
11 Рухс йӕ тынтӕ уары рӕстгӕнӕгыл,
      сыгъдӕгзӕрдӕтыл та – цин.
12 Цин кӕнут, рӕстгӕнджытӕ, Дунедарӕгыл,
      скад кӕнут Йӕ сыгъдӕг номӕн.