Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

117 Псалом

1 Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ Уый
      фӕрнджын у,
      Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2 Уӕдӕ зӕгъӕд Израил:
      «Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
3 Уӕдӕ зӕгъӕд Аароны хӕдзарвӕндаг:
      «Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
4 Уӕдӕ зӕгъӕнт, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон:
      «Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
5 Мӕ тыхстӕй сдзырдтон Дунедарӕгмӕ;
      Уый мӕ фехъуыста, мӕ цӕуӕнтӕ мын скодта
      уӕрӕх.
6 Хуыцау мемӕ ис, нӕ фӕтӕрсдзынӕн:
      цы мын у адӕймаджы бон?
7 Хуыцау мемӕ ис, Уый ме 'ххуысгӕнӕг у.
      Ӕз кӕсдзынӕн ме знӕгтӕм мӕ цӕстыдзагӕй.
8 Адӕймагӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты
      Хуыцауӕй ӕххуыс агурын хуыздӕр у.
9 Ӕлдӕрттӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты
      Хуыцауӕй ӕххуыс агурын хуыздӕр у.
10 Ӕртыхстысты мыл ӕппӕт адӕмтӕ,
      фӕлӕ сӕ ӕз Хуыцауы номӕй фӕсырдтон.
11 Ӕрӕмбырд мыл сты, ӕртыхстысты мыл,
      фӕлӕ сӕ ӕз Хуыцауы номӕй фӕсырдтон.
12 Цӕваг бындзытау мыл ӕртыхстысты,
      фӕлӕ бамынӕг сты сындзджын артау;
      Хуыцауы номӕй сӕ фӕсырдтон.
13 Тынг мӕ асхуыстат, куыд ӕрхауон, афтӕ;
      фӕлӕ мын Хуыцау баххуыс кодта.
14 Дунедарӕг – мӕ тых ӕмӕ мӕ зарӕг;
      Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
15 Рӕстгӕнджыты хӕдзӕрттӕй хъуысы
      уӕлахиз ӕмӕ цины уынӕр:
      «Хуыцау ӕвдисы Йӕ рахиз цонджы тых!
16 Дунедарӕджы рахиз цонджы уӕлахиз бӕрзонд у;
      Хуыцау ӕвдисы Йӕ рахиз цонджы тых!»
17 Нӕ амӕлдзынӕн, фӕлӕ цӕрдзынӕн
      ӕмӕ хъусын кӕндзынӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕ.
18 Карз мӕ бафхӕрдта Хуыцау,
      фӕлӕ мӕ мӕлӕтмӕ нӕ радта.
19 Байгом мын кӕнут рӕстады кулдуар –
      бацӕудзынӕн ӕмӕ скад кӕндзынӕн Хуыцауӕн.
20 Уый Хуыцауы кулдуар у –
      рӕстгӕнджытӕ бацӕудзысты уыцы кулдуарыл.
21 Бузныг дӕн Дӕуӕй, Ды мӕ кӕй фехъуыстай;
      Ды сдӕ мӕ ирвӕзындзинад.
22 Амайджытӕ сӕхи цы дурыл атигъ кодтой,
      уый сси сӕрӕвӕрӕн.
23 Уый Хуыцауӕй уыди, ӕмӕ диссаг кӕсы махмӕ.
24 Абоны бон Хуыцау сфӕлдыста;
      хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ йыл цин кӕнӕм.
25 О Дунедарӕг, фервӕзын нӕ кӕн;
      О Хуыцау, ратт нын ӕнтыст.
26 Арфӕгонд у Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг!
      Арфӕ уын кӕнӕм Хуыцауы Хӕдзарӕй.
27 Хуыцау у Дунедарӕг, срухс нӕ кодта Йӕ тӕмӕнӕй.
      Сбӕттут бӕттӕнтӕй бӕрӕгбоны кусӕрттаджы,
      ракӕнут ӕй нывондхӕссӕны сыкъатӕм хӕстӕг.
28 Ды мӕ Хуыцау дӕ – стаудзынӕн дӕ;
      Ды мӕ Хуыцау дӕ –
      бӕрзонд скӕндзынӕн Дӕ кад.
29 Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ Уый
      фӕрнджын у,
      Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.