Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

149 Псалом

1 Алилуйа!
      Зарут Хуыцауӕн ног зарӕг,
      Йӕ кадӕн сыгъдӕджыты ӕмбырды.
2 Сцин кӕнӕд Израил Йе Сфӕлдисӕгыл;
      Сионы хъӕбултӕ райӕнт сӕ Паддзахыл.
3 Ӕппӕлут Йӕ номӕй цӕугӕзардӕй,
      зарут Ын гуымсӕгыл ӕмӕ дала-фӕндыртыл
      цӕгъдгӕйӕ,
4 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ауды Йӕ адӕмыл,
      сӕрныллӕджытӕн дӕтты ирвӕзындзинады
      кады худ.
5 Сыгъдӕджытӕ райӕнт уыцы уӕлахизыл,
      фырцинӕй зарӕнт сӕ сынтӕджытыл дӕр.
6 Стауӕнт Хуыцауы хъӕлӕсыдзагӕй,
      дыком цирхъ уӕд сӕ къухы,
7 Цӕмӕй адӕмтӕй райса Йӕ маст,
      бафхӕра адӕмыхӕттыты,
8 Сӕ паддзӕхты сын сбӕтта рӕхыстӕй,
      се 'лдӕртты – ӕфсӕн хъадамантӕй,
9 Йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ сын куыд стӕрхон кӕна.
      Уый кад у Йӕ ӕппӕт сыгъдӕджытӕн.
      Алилуйа!