Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

17 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Хуыцауы цагъар Давид
      ацы зарӕджы ныхӕстӕ ракодта Хуыцауӕн,
      йе 'ппӕт знӕгты къухтӕй
      ӕмӕ йӕ Саулӕй куы бахызта, уӕд.
      Давид загъта:
2 Дӕу уарзын, Дунедарӕг, мӕ тыхдӕттӕг!
3 Дунедарӕг мӕ цӕугӕ хох, мӕ фидар у,
      мӕ сӕрибаргӕнӕг, мӕ Хуыцау;
      мӕ къӕдзӕх у, ӕмӕ дзы бамбӕхсдзынӕн;
      Уый у мӕ уарт, мӕнӕн уӕлахиздӕттӕг тых, мӕ мӕсыг.
4 Ӕрсиддзынӕн кадджын Хуыцаумӕ
      ӕмӕ фервӕздзынӕн ме знӕгтӕй.
5 Ӕрбалвӕстой мӕ мӕлӕты рӕхыстӕ;
      нуӕрдынц мӕ фыдӕхы гуылфӕнтӕ.
6 Ингӕны рӕхыстӕ мӕ ӕрбалхъывтой,
      мӕлӕты сахсӕнтӕ мӕ ӕрцахстой.
7 Мӕ тыхстӕй фӕсидтӕн Дунедарӕгмӕ,
      ӕххуысагур дзынӕзтон мӕ Хуыцаумӕ;
      фехъуыста мын мӕ хъӕлӕс,
      сыхъуыст Ӕм мӕ дзыназын.
8 Уӕд зӕхх нынкъуыст ӕмӕ ныррызти,
      хӕхтӕ сӕ бындурмӕ фестъӕлфыдысты
      ӕмӕ базмӕлыдысты,
      уымӕн ӕмӕ смӕсты ис Хуыцау.
9 Йӕ мӕстӕй хӕрдмӕ фӕцыди фӕздӕг,
      Йӕ комӕй рацыди бынгӕнӕг арт,
      ӕрызгъӕлди дзы цӕхӕр.
10 Ӕркъул кодта уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрхызти,
      сау мылаз фӕци Йӕ къӕхты бын.
11 Сбадти херувимыл[6] ӕмӕ атахт,
      Йӕхи систа дымгӕйы базыртыл.
12 Талынгӕй Йӕ алыварс скодта ӕмбӕрзӕн;
      Йӕ агъуыст – саувадыг уӕззау мигътӕ.
13 Нырттывта, ӕмӕ Йӕ разӕй азгъордтой мигътӕ,
      ихуард ӕмӕ судзгӕ цӕхӕр.
14 Ныннӕрыди Дунедарӕг уӕлӕрвты,
      Бӕрзондбадӕгӕн райхъуыст Йӕ хъӕлӕс,
      рарвыста ихуард ӕмӕ цӕхӕр.
15 Ауагъта Йӕ фаттӕ, ӕмӕ фӕйнӕрдӕм апырх сты –
      ӕрвӕрттывды бирӕ тӕгтӕ,
      ӕмӕ сӕ ныффӕйлыдта.
16 Дӕ тызмӕг уайдзӕфӕй,
      Дӕ масты уддзӕфӕй, Дунедарӕг,
      райхъал сты доны гуырӕнтӕ,
      ӕмӕ байгом сты зӕххы бындуртӕ.
17 Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдардта Йӕ къух,
      схӕцыди мыл, систа мӕ доны арфӕй.
18 Мӕ тыхджын знагӕй мӕ бахызта,
      мӕнӕй йе сӕфт чи уыдта
      ӕмӕ мӕнӕй тыхджындӕр чи уыди, уыдонӕй.
19 Мӕ зыны бон мӕм ӕрбалӕбурдтой,
      фӕлӕ мын Хуыцау уыдис ахъазгӕнӕг.
20 Уый мӕ ракодта ӕдас ранмӕ,
      бахызта мӕ знӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ мыл ауды.
21 Дунедарӕг мӕ схорзӕхджын кодта
      мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,
      бафыста мын мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ.
22 Уымӕн ӕмӕ ӕз
      Дунедарӕджы амынд фӕндӕгтыл цыдтӕн,
      Хуыцауӕй нӕ аздӕхтӕн фыдмитӕм;
23 Йӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр мӕ разы уыдысты,
      Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты никуы ахызтӕн.
24 Йӕ разы ӕнаипп уыдтӕн ӕз,
      мӕхи хызтон тӕригъӕд ракӕнынӕй.
25 Ӕмӕ Дунедарӕг схорзӕхджын кодта мӕн
      Йӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,
      мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ
      Йӕ цӕсгомы раз.
26 Ӕнувыдыл Ды ӕнувыд Дӕ,
      ӕнаиппӕн дӕттыс, куыд ӕнаипп у, афтӕ,
27 Сыгъдӕгӕн дӕттыс йӕ сыгъдӕг зӕрдӕмӕ гӕсгӕ,
      мӕнгардӕн – йӕ хинмӕ гӕсгӕ.
28 Ды баиргъӕвыс сӕрныллӕг адӕмы,
      бӕрзӕндты кӕсджыты та ӕгадмӕ ӕртӕрыс.
29 Ды ссудзыс, Дунедарӕг, мӕ цырагъ;
      мӕ Хуыцау Йӕ рухсӕй фӕсуры мӕ талынг.
30 Демӕ басӕттын знаджы ӕфсад;
      мӕ Хуыцауимӕ схизын ӕнӕбасӕтгӕ сисмӕ.
31 Хуыцау – куыд ӕнаипп у Йӕ фӕндаг!
      Дунедарӕджы ныхас фӕлвӕрд у;
      йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, ӕппӕт уыдонӕн уарт у.
32 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы йеддӕмӕ Хуыцау чи у,
      ӕмӕ нӕ Хуыцауы йеддӕмӕ
      нӕ ныфсы къӕдзӕх чи у?
33 Хуыцау мӕ астӕу ӕрбалвасы хъаруйӕ,
      скӕны мӕ фӕндаг ӕнӕфау.
34 Мӕ къӕхтӕ скӕны саджы къӕхтау рог,
      бӕрзӕндтыл фидарӕй ӕрлӕууын кӕны мӕн.
35 Мӕ къухтӕн амоны тох кӕнын,
      мӕ цӕнгтӕ ӕркъӕдз кӕнынц ӕрхуы ӕрдын.
36 Ды мын радтай Дӕ ирвӕзты уарт,
      Дӕ рахиз цонг хӕцы мӕныл;
      Дӕ хорзӕх мӕ сисы бӕрзонд.
37 Мӕ фӕндагыл уӕрӕх кӕныс мӕ къахдзӕф,
      мӕ фад нӕ фӕцуддзӕн.
38 Ӕз асурын ме знӕгты ӕмӕ сӕ баййафын;
      нӕ раздӕхын, цалынмӕ сӕ нӕ фӕцӕгъдын.
39 Ныддӕрӕн сӕ кӕнын,
      ӕмӕ сӕ бон сыстын нал вӕййы,
      ӕрхауынц мӕ къӕхты бынмӕ.
40 Уымӕн ӕмӕ хъаруйӕ
      сифтонг кодтай мӕн хӕцынмӕ;
      мӕ ныхмӕ сыстджыты
      ӕрӕппӕрстай мӕ къӕхты бынмӕ.
41 Ме знӕгты лидзӕг фӕкодтай мӕнӕй,
      ӕмӕ цӕгъдын ме сӕфтмӕ бӕлджыты.
42 Курынц ӕххуыс,
      фӕлӕ сын нӕй ирвӕзынгӕнӕг;
      курынц Хуыцауӕй, фӕлӕ сын дзуапп нӕ дӕтты.
43 Дымгӕмӕ рыг сдарӕгау сӕ ныффӕйлауын,
      уынджы цъыфау сӕ ныссӕндын.
44 Ды мӕн баиргъӕвтай фыдӕх хӕссӕг адӕмӕй;
      сӕвӕрдтай мӕ ӕцӕгӕлон адӕмы сӕргъы;
      кӕй нӕ зыдтон, уыцы адӕм сты мӕ дӕлбар.
45 Ӕрмӕст мӕ коймӕ дӕр кӕсынц мӕ коммӕ;
      ӕцӕгӕлон адӕм ӕлхӕнынц мӕ зӕрдӕ.
46 Ӕцӕгӕлон адӕмы хуыз фӕцыди –
      фыртӕссӕй ризынц сӕ фидӕртты.
47 Цардӕгас ӕмӕ арфӕгонд у, Дунедарӕг,
      мӕ къӕдзӕх!
      Кадджын уӕд мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
48 Мӕ мастисӕг ӕмӕ адӕмты
      мӕ дӕлбаргӕнӕг Хуыцау,
49 Мӕн ме знӕгтӕй ирвӕзынгӕнӕг!
      Мӕ ныхмӕ сыстджыты сӕргъы сӕвӕрдтай мӕн,
      баиргъӕвтай мӕ фыдзӕрдӕ адӕймагӕй.
50 Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕцӕгӕлон адӕмы ӕхсӕн
      стаудзынӕн Дӕу, Дунедарӕг, зардзынӕн Дӕ номыл.
51 Уый стыр уӕлахиз дӕтты Йӕ паддзахӕн;
      мыггагмӕ ауды Йе 'взӕрст Давидыл
      ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтыл.