13 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
Ӕнӕзонд хинымӕр загъта: «Хуыцау нӕй».
Уыдон фехӕлдысты, бакодтой ӕбуалгъ митӕ;
хӕрзгӕнӕг нӕй. Иу дӕр нӕй.
2 Дунедарӕг уӕлӕрвтӕй ӕркасти адӕммӕ:
Хуыцауы чи агуры, ахӕм ӕмбаргӕ нӕй? Иу дӕр нӕй?
3 Се 'ппӕт дӕр ныдздзӕгъӕл сты, сӕфтмӕ ӕрцыдысты;
хӕрзгӕнӕг нӕй, нӕй иу дӕр.
4 Мӕ адӕмы дзулау чи хӕры
ӕмӕ Дунедарӕджы чи нӕ агуры,
ӕппӕт уыцы фыдгӕнджытӕ
сӕхи никуы ӕрӕмбардзысты?
5 Бӕлвырд, стыр азар сӕ бацӕудзӕн,
уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгимӕ ис.
6 Сымах худут мӕгуыры фӕндиӕгтыл,
фӕлӕ уымӕн Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг у.
7 Израилӕн ирвӕзындзинад Сионӕй ӕрцӕудзӕн!
Дунедарӕг Йӕ адӕмы уацарӕй куы ракӕна,
уӕд райдзӕн Иаков[5], ӕмӕ цин кӕндзӕн Израил.

