Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

70 Псалом

1 Дӕуыл дарын, О Хуыцау, мӕ зӕрдӕ;
      никуы фегад уыдзынӕн!
2 Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ бахиз
      ӕмӕ ссӕрибар кӕн мӕн;
      фехъус мӕ кувын, фервӕзын мӕ кӕн.
3 Ды мын у, кӕддӕриддӕр мӕ бон
      бамбӕхсын кӕм уа, уыцы къӕдзӕх;
      ратт фӕдзӕхст мӕн фервӕзыны тыххӕй,
      уымӕн ӕмӕ Ды къӕдзӕх ӕмӕ гӕнах дӕ мӕнӕн.
4 Мӕ Хуыцау, суӕгъд мӕ кӕн фыдлӕджы къухӕй,
      ӕнаккаг ӕмӕ ӕгъатыр адӕймаджы армӕй.
5 Уымӕн ӕмӕ, О Хицау Хуыцау,
      ме 'взонджы бонтӕй Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.
6 Мӕ райгуырынӕй фӕстӕмӕ
      Ды уыдтӕ мӕ иунӕг ныфс,
      Ды мӕ райстай мӕ мады гуыбынӕй;
      Дӕу стаудзынӕн иудадзыг.
7 Ӕз бирӕтӕн ӕнахуыр диссагау уыдтӕн,
      фӕлӕ Ды мӕ сӕрылхӕцӕг дӕ.
8 Мӕ дзыхӕй хъуысынц Дӕуӕй ӕппӕлыны дзырдтӕ;
      ӕрвылбон Дӕу кадджын кӕнын.
9 Мӕ зӕронды бонты мыл Дӕхи ма атигъ кӕн;
      мӕ хъару куы тайа, уӕд мӕ ма ныууадз.
10 Ногӕй та мӕ ныхмӕ дзурынц ме знӕгтӕ;
      мӕ удмӕ хъавджытӕ аразынц сусӕгвӕнд.
11 Уыдон афтӕ дзурынц: «Хуыцау ӕй ныууагъта;
      зилут йӕ фӕдыл ӕмӕ йӕ ӕрцахсут,
      уымӕн ӕмӕ йын ирвӕзынгӕнӕг нӕй».
12 О Хуыцау, ма адард у мӕнӕй;
      О мӕ Хуыцау, рӕвдздӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ.
13 Фегад уӕнт ӕмӕ фесӕфӕнт,
      мӕ уды фӕдыл чи зилы, уыдон;
      мӕнӕн фыдбылыз саразынмӕ чи тырны,
      уыдон фӕхудинаг, фегад
      ӕмӕ ныффидиссаг уӕнт.
14 Ӕз та иудадзыг Дӕуыл дардзынӕн мӕ зӕрдӕ
      ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн ноджы зӕрдиагдӕрӕй.
15 Ӕз ӕрвылбон дзурдзынӕн Дӕ рӕстдзинадыл
      ӕмӕ Дӕ хӕрзтыл – бирӕ сты, ӕз сын
      сӕ нымӕц нӕ зонын.
16 Расиддзынӕн
      Дунедарӕджы хъомысджын хъуыддӕгтӕ;
      фехъусын кӕндзынӕн Дӕ рӕстдзинад –
      ӕрмӕстдӕр Дӕ рӕстдзинад.
17 Ме 'взонджы бонтӕй мын
      Ды уыдтӕ зондамонӕг, Хуыцау,
      ӕмӕ ныронг дзурын Дӕ диссӕгты тыххӕй.
18 Куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр урс куы адара,
      уӕд дӕр мӕ ма ныууадз, Хуыцау,
      цалынмӕ ног фӕлтӕртӕн
      нӕ радзурон Дӕ хъаруйы тыххӕй,
      нӕ фӕстагӕттӕн – Дӕ хъомысы тыххӕй.
19 Дӕ рӕстад, О Хуыцау, арвӕй уӕлдӕр у,
      стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзтай Ды.
      Чи у Дӕ хуызӕн?
20 Ды мын бавзарын кодтай
      судзгӕ хъизӕмӕрттӕ дзӕвгар,
      фӕлӕ мӕ ногӕй цардмӕ раздахдзынӕ,
      арф дӕлдзӕхӕй мӕ ракӕндзынӕ.
21 Ды схӕцыдтӕ мӕ кадыл,
      Дӕ рӕвдыдӕй мӕ цух нӕ ныууадздзынӕ.
22 Ӕз та Дӕ скадджын кӕндзынӕн хъисфӕндырыл,
      мӕ Хуыцау,
      Ды иузӕрдион кӕй Дӕ, уый тыххӕй;
      дала-фӕндырыл зардзынӕн Дӕуыл,
      Израилы Сыгъдӕг!
23 Дӕ кады зарӕг ме 'взагӕй куы рацӕуы,
      уӕд фырцинӕй райын, райы мӕ уд дӕр,
      уымӕн ӕмӕ йӕ Ды фервӕзын кодтай.
24 Ме 'взаг ӕрвылбон дзурдзӕн Дӕ рӕстадыл;
      уымӕн ӕмӕ мӕнӕн фыд ракӕнынмӕ чи хъавыд,
      уыдон фӕхудинаг ӕмӕ фегад сты.