146 Псалом
1 Алилуйа!
Куыд ӕхцон у нӕ Хуыцауы кадӕн зарын;
Уый аккагӕй стауын куыд адджын у зӕрдӕйӕн.
2 Дунедарӕг амайы Иерусалим,
ӕмбырд кӕны Израилы уацарӕй;
3 Дзӕбӕх кӕны састзӕрдӕты,
хос кӕны сӕ хъӕдгӕмттӕн.
4 Уый бӕлвырд кӕны стъалыты нымӕц;
алкӕйдӕр дзы хоны йӕ номӕй.
5 Стыр у нӕ Хицау Хуыцау, стыр у Йӕ хъомыс;
Йӕ зондӕн кӕрон нӕй.
6 Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты,
фыдлӕгты та зӕххы онг ӕрӕппары.
7 Зарут Дунедарӕгӕн бузныджы зарӕг,
кад кӕнут нӕ Хуыцауӕн аив зӕлтӕй
дала-фӕндырыл.
8 Уый арв бамбӕрзы мигътӕй,
зӕххмӕ рарвиты уарынтӕ,
хӕхтӕ сфӕлындзы зайӕг халӕй.
9 Фосӕн дӕтты холлаг,
халоны лӕппынтӕн дӕр, куы схъӕр кӕнынц, уӕд.
10 Уымӕн ахсджиаг нӕу бӕхы тых,
нӕдӕр Ын тагъд згъораг адӕймаг у бӕллиццаг;
11 Дунедарӕгӕн бӕллиццаг сты, чи Йӕ нымайы,
Йӕ хорзӕхыл Ын йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон.

