145 Псалом
1 Алилуйа!
Ӕппӕл, мӕ уд, Хуыцауӕй.
2 Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ ӕппӕлдзынӕн
Дунедарӕгӕй;
цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ зардзынӕн
мӕ Хуыцауӕн.
3 Уӕ ныфс ма ӕвӕрут тыхджынтыл,
стӕй адӕймаджы фырттӕй иунӕгыл дӕр –
уымӕ нӕй ирвӕзындзинад.
4 Йӕ уд дзы ахицӕн вӕййы,
ӕмӕ йӕхӕдӕг сыджытмӕ ныздӕхы;
уыцы бон ӕрбайсӕфынц йӕ фӕндтӕ.
5 Тӕхудиаг сты, Иаковы Хуыцау ӕххуысгӕнӕг
кӕмӕн у,
ӕмӕ Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл
йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон;
6 Уыцы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх,
денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон;
Уый иузӕрдион у мыггагмӕ.
7 Уый рахӕцы ӕфхӕрдты сӕрыл,
дӕтты хойраг ӕххормӕгтӕн;
Дунедарӕг сӕрибар кӕны ахстыты.
8 Хуыцау куырмытӕн ратты цӕсты рухс,
Уый сӕргуыбыртӕн ратты ныфс;
Хуыцау уарзы рӕстгӕнджыты.
9 Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕрцӕуӕггӕгты,
ӕххуыс кӕны сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн;
фыдлӕгтӕн та Уый байсафдзӕни сӕ фӕндӕгтӕ.
10 Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕн мыггагмӕ,
Дӕ Хуыцау, Сион, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Алилуйа!

