131 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
О Хуыцау, ӕрымыс Давиды ӕмӕ кӕй бавзӕрста,
йе 'ппӕт уыцы хъизӕмӕрттӕ.
2 Куыд сомы кодта уый Дунедарӕгӕн,
дзырд куыд лӕвӕрдта
Иаковы Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕн:
3 «Нӕ бацӕудзынӕн мӕ хӕдзары агъуыстмӕ,
нӕ ӕрӕнцайдзынӕн мӕ сынтӕгыл,
4 Мӕ цӕстытӕ не 'рцъынд кӕндзынӕн,
мӕ уӕлтъыфылты фынӕй нӕ бауадздзынӕн,
5 Цалынмӕ Дунедарӕгӕн бынат,
Иаковы ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕн
цӕрӕнуат не ссарон, уӕдмӕ».
6 Мах фехъуыстам Фидыды Чырыны тыххӕй
Ефрафы,
ссардтам ӕй Иаримы быдырты.
7 «Фӕцӕуӕм Йӕ цӕрӕн бынатмӕ,
ӕрзоныг кӕнӕм Йӕ къӕхтӕ ӕрӕвӕрӕны цур».
8 О Дунедарӕг, рацу Де 'нцойы бынатмӕ, –
Ды ӕмӕ Дӕ хъомыс кӕм ис,
уыцы Фидыды Чырын дӕр Демӕ.
9 Дӕ сауджынтӕ сӕхи сфӕлындзӕнт рӕстадӕй,
Дӕ сыгъдӕджытӕ зарӕнт цингӕнгӕ.
10 Дӕ цагъар Давиды сӕраппонд
Де 'взӕрсты цӕсгом ма фӕиппӕрд кӕн Дӕхицӕй.
11 Хуыцау сомы кодта Давидӕн,
ӕмӕ Уый Йӕ сомы никуы басӕтдзӕн:
«Дӕ байзӕддӕгты сбадын кӕндзынӕн
дӕ паддзахы бадӕны.
12 Дӕ фырттӕ Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ куы цӕрой,
ӕмӕ сӕ Ӕз цы ӕгъдӕуттыл сахуыр кӕнон,
уыдоныл куы хӕцой,
уӕд уыдоны фырттӕ дӕр мыггагмӕ баддзысты
дӕ паддзахы бадӕны».
13 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Сион сӕвзӕрста,
Уый бафӕндыди Йӕхицӕн дзы
цӕрӕнбынат скӕнын,
14 Ӕмӕ загъта: «Уый у Ме 'нцойы бынат
мыггагӕй мыггагмӕ: уым ӕрцӕрдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Мын уый ӕхцон у.
15 Арфӕ ракӕндзынӕн йӕ хойраджы бӕркадыл,
бафсаддзынӕн дзулӕй йӕ мӕгуырты.
16 Йӕ сауджынтыл скӕндзынӕн
ирвӕзындзинады фӕлыст,
йӕ сыгъдӕджытӕ цинӕй райдзысты.
17 Уым стыхджын кӕндзынӕн Давиды,
уым Ме 'взӕрстӕн йӕ рухсгӕнӕн
ӕрмынӕг нӕ бауадздзынӕн.
18 Йе знӕгтыл ын скӕндзынӕн худинаджы фӕлыст,
йӕ сӕрыл та тӕмӕнтӕ калдзӕн кадыхуд».

