Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

12 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Давиды псалом.
2 Кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, Дунедарӕг,
      кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ мӕнӕй Дӕ цӕсгом?
3 Кӕдмӕ нывӕндон мӕ фӕндтӕ мӕ зӕрдӕйы,
      кӕдмӕ хӕссон мӕ уды хъыг бонӕй-бонмӕ?
      Ме знаг мыл кӕдмӕ уӕлахиз уыдзӕни?
4 Ӕркӕс мӕм, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!
      Царды рухс ратт мӕ цӕстытӕн,
      цӕмӕй мӕрдвынӕй ма бауон,
5 Ӕмӕ знаг ма зӕгъа: «Ӕз ыл фӕтых дӕн»;
      науӕд куы фӕцудон,
      уӕд цины хос уыдзынӕн ме знӕгтӕн.
6 Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дӕ бирӕ уарзтыл дарын,
      Ды мын ӕрхастай ирвӕзындзинад,
      ӕмӕ сцин кӕндзӕн мӕ уд;
      зардзынӕн Хуыцауӕн – Уый хорзы бацыди мӕнӕн.