Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

11 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      астхъисоныл.
      Давиды псалом.
2 Баххуыс кӕн, Дунедарӕг,
      уымӕн ӕмӕ нал ис рӕстгӕнӕг,
      адӕмы ӕхсӕн Дӕуыл ӕнувыдтӕ нал баззади.
3 Алчидӕр хионӕн дзуры мӕнг; се 'взӕгтӕ сты козбау,
      дзурынц хинӕйдзаг зӕрдӕйӕ.
4 Дунедарӕг сӕхгӕнӕд алы козбауы
      ӕмӕ алы схъӕлдзырд лӕджы дзых,
5 Афтӕ чи дзуры: «Не 'взаджы фӕрцы
      сбӕрзонд уыдзыстӕм, нӕ дзыхтӕ нӕ уӕлӕ сты,
      ӕлдар нын чи у?»
6 «Ӕфхӕрдтыты хъизӕмары
      ӕмӕ мӕгуырты хъӕрзыны сӕраппонд
      рацӕудзынӕн Ӕз, зӕгъы Дунедарӕг,
      ӕмӕ хинӕй рацӕуынмӕ кӕуыл хъавынц,
      уыдоны баиргъӕвдзынӕн».
7 Дунедарӕджы ныхӕстӕ – сыгъдӕг ныхӕстӕ;
      уыдон сты сыгъдӕг ӕвзистау,
      ӕлыгӕй конд пецы фӕлвӕрд, авд хатты фӕлвӕрд.
8 Ды, Дунедарӕг, бахъахъхъӕндзынӕ ӕфхӕрдтыты,
      ӕнусмӕ сӕ бахиздзынӕ ацы мыггагӕй,
9 Науӕд адӕмы ницӕйӕгтӕ сбӕрзонд сты,
      ӕмӕ алы ран дӕр сарӕх сты фыдлӕгтӕ.