140 Псалом
1 Давиды псалом.
О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзурын: тагъддӕр мӕм ӕрцу.
Куы Дӕм фӕкувын, уӕд-иу фехъус мӕ хъӕлӕс.
2 Мӕ куывд фӕхӕццӕ уӕд Дӕ размӕ
буды хӕрздӕфау;
мӕ къухтӕ Дӕм куы сдарын, уӕд иу-ӕй айс
изӕры нывондӕн.
3 О Дунедарӕг, уромӕг сӕвӕр ме 'взагӕн,
мӕ комы дуар мын бахъахъхъӕн.
4 Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ
ма аздӕха фыдӕхмӕ,
ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыцы фыдлӕгты хъуыддӕгты
архайаг ма уон;
хорз сӕм цы кӕсы, уымӕй хай ма райсон.
5 Уадз, мӕ азым мын зӕгъа рӕстгӕнӕг,
уый – хорзӕх у;
уадз ӕмӕ мын бауайдзӕф кӕна –
уый хӕрздӕф зети у мӕ сӕрӕн,
мӕхи дзы нӕ аиуварс кӕндзынӕн.
Фӕлӕ мӕ кувын фыдлӕгты миты ныхмӕ у.
6 Сӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты
къӕдзӕхтӕй ӕмӕ уӕд бамбардзысты,
мӕ ныхӕстӕ ахсджиаг кӕй уыдысты, уый.
7 Ӕмӕ зӕгъдзысты: «Зӕхх куыд бахуым кӕнынц
ӕмӕ йын йӕ къуыбӕрттӕ куыд фехалынц,
афтӕ згъӕлынц не стджытӕ дӕр
гом ингӕны былмӕ».
8 Фӕлӕ мӕнӕн та Дӕумӕ у мӕ каст,
мӕ Хицау Хуыцау;
Дӕумӕ ссарын фидар ӕнцой –
ма ныууадз мӕ уды дзӕгъӕлӕй.
9 Бахиз мӕ, кӕй мын сӕвӕрдтой,
уыцы сахсӕнтӕй,
фыдгӕнджыты ӕвӕрд къӕппӕджытӕй.
10 Фыдлӕгтӕ се 'ппӕт дӕр бахауӕнт
сӕхи ӕвӕрд сахсӕнты,
ӕз та сӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн ӕдасӕй.

