16 Псалом
1 Давиды куывд.
Фехъус, Дунедарӕг, мӕ рӕстдзинад,
Де 'ргом раздах мӕ дзыназынмӕ,
Дӕ хъус ӕрдар ӕнӕхин ӕвзаджы куывдмӕ.
2 Дӕуӕй мын рацӕуӕд тӕрхон,
Дӕ цӕстытӕ фенӕнт мӕ рӕстад.
3 Ды бафӕлвӕрдтай мӕ зӕрдӕ,
бабӕрӕг мӕ кодтай ӕхсӕв,
басгӕрстай мӕ ӕмӕ мӕм ницы ссардтай;
мӕ хъуыдыты цы ис, мӕ былалгъыл дӕр уый ис.
4 Ме 'рвылбоны хъуыддӕгты, Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ,
мӕхи хызтон ӕфхӕрӕг разынынӕй.
5 Фидар сты мӕ къахдзӕфтӕ Дӕ фӕндагыл;
нӕ фӕцуддзӕн мӕ фад.
6 Дӕумӕ сидын, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст Ды фехъусдзынӕ мӕн;
раздах мӕм Де 'ргом ӕмӕ фехъус мӕ дзырдтӕ.
7 Равдис Дӕ диссаджы хорзӕх;
Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон ирвӕзын кӕныс
Дӕ рахиз цонджы ныхмӕ цӕуджытӕй.
8 Бахъахъхъӕн мӕ цӕстыгагуыйау,
Дӕ дӕлбазыр мӕ бамбӕхс
9 Мӕнмӕ лӕбурӕг фыдлӕгтӕй,
чи мыл ӕртыхсти, уыдонӕй – мӕ уды знӕгтӕй.
10 Сӕ дурзӕрдӕтӕ ныхгӕдтой, сты схъӕлдзырд.
11 Зилынц мӕ фӕдыл, мӕнӕ мыл ӕртыхстысты;
ӕрӕвӕрдтой мыл сӕ цӕст,
зӕхмӕ мӕ куыд ӕрӕппарой, афтӕ.
12 Уыдон сты йӕ амӕддагмӕ гӕппӕввонг домбайау,
пыхсбыны ӕрӕмбӕхсӕг ӕрыгон домбайау.
13 Рацу, Дунедарӕг, сӕ разӕй фӕу
ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕн;
Дӕ цирхъӕй мын мӕ уд баиргъӕв фыдлӕгӕй.
14 Дӕ цонгӕй мӕ бахъахъхъӕн адӕмӕй, Дунедарӕг,
ӕрмӕст зӕххон цард йӕ хай кӕмӕн у,
Дӕ хӕзнадӕттӕй кӕй гуыбын ӕфсадыс,
уыцы адӕмӕй.
Сӕ фырттӕ хъуаг ницӕмӕй сты,
сӕ мулкӕй ма баззайдзӕни сӕ цотӕн дӕр.
15 Ӕз та рӕстӕй кӕсдзынӕн Дӕ цӕсгоммӕ.
Куы-иу райхъал уон,
уӕд ӕфсӕддзынӕн Дӕ фӕлгонцӕй.

