Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

72 Псалом

1 Асафы псалом.
      Куыд ауды Хуыцау Израилыл,
      сыгъдӕгзӕрдӕ чи у, уыдоныл!
2 Мӕнӕн та цыма мӕ къах фӕцудыдта,
      фӕкӕлынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыди,
3 Уымӕн ӕмӕ бахӕлӕг кодтон хъалтӕм,
      фыдлӕгты фӕрныг цард куы федтон, уӕд.
4 Уыдон сӕ мӕлӕты онг фыдӕбон нӕ зонынц,
      сты ӕнӕниз ӕмӕ хӕрзхаст.
5 Куыстӕй сӕхи нӕ фӕлмӕцын кӕнынц,
      иннӕтау царды уӕз нӕ бавзарынц.
6 Уымӕ гӕсгӕ сӕрыстырад, фӕрдгуыты халау,
      ӕртыхсти сӕ хъуырыл;
      ӕгъатырдзинад сын дарӕсау у.
7 Фырнардӕй сӕ цӕстытӕ алӕбырдысты;
      сӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕфсӕрм хъуыдытӕй – дзаг.
8 Алкӕмӕй хынджылӕг кӕнынц,
      сӕ фыдзӕрдӕйӕ хахуыртӕ дзурынц,
      сты схъӕлдзырд.
9 Сӕ дзыхтӕ ныххӕлиу кодтой арвмӕ,
      се 'взӕгтӕй схицӕуттӕ сты зӕххыл.
10 Уымӕ гӕсгӕ Йӕ адӕм дӕр сӕ фӕдыл аздӕхтысты;
      сӕ дон сын нуазынц кӕхцы дзагӕй,
11 Ӕмӕ фӕзӕгъынц:
      «Куыд ӕй базондзӕн Хуыцау?
      Бӕрзондбадӕг ӕппӕт зонӕг у?»
12 Ӕмӕ мӕнӕ ацы фыдлӕгтӕ – ницӕй мӕт сӕ ис,
      ӕфтауынц сӕ мулкыл.
13 Уӕдӕ ӕз цымӕ мӕ зӕрдӕ
      ӕнӕхъуаджы дардтон сыгъдӕгӕй,
      мӕ къухтӕ – ӕназымӕй?
14 Ӕмӕ ӕрвылбон дзӕгъӕлы истон ӕфхӕрд,
      алы райсом мӕхи уайдзӕфы хай кодтон?
15 Фӕлӕ куы загътаин: ай уыдзӕн мӕ ныхас,
      уӕд азымджын уаин Дӕ адӕмы фӕлтӕры раз.
16 Ӕмӕ архайдтон уый бамбарыныл,
      фӕлӕ зын бамбарӕн уыд уый,
17 Цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн
      ӕмӕ сӕ адзал базыдтон, уӕдмӕ.
18 Бӕлвырд сӕ бырынцъаг фӕндӕгтыл сӕвӕрдтай
      ӕмӕ сӕ сӕрсӕфӕны ныппардзынӕ.
19 Куыд ӕвиппайды сфӕлахс сты,
      ӕгасӕй дӕр сын ӕрцыди кӕрон –
      бӕллӕхты бын фесты!
20 Райхъал уӕвгӕйӕ фын куыд айсӕфы,
      афтӕ сын Ды, Дунедарӕг, ӕрцӕугӕйӕ
      фесафдзынӕ сӕ бӕллицтӕ.
21 Мӕ зӕрдӕ куы хъынцъым кодта,
      ӕмӕ куы тыхсти мӕ уд,
22 Уӕд ӕз уыдтӕн ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕмбарӕг,
      Дӕ разы фосӕй уӕлдай нӕ уыдтӕн.
23 Фӕлӕ ӕз ӕдзух Демӕ дӕн;
      Ды хӕцыс мӕ рахиз къухыл.
24 Дӕ уынаффӕйӕ мын амоныс фӕндаг,
      уый фӕстӕ та мӕ бакӕндзынӕ Дӕ кадмӕ.
25 Чи мын ис уӕлӕрвты? Ды мемӕ куы уай,
      уӕд ницӕмӕ бабӕлдзынӕн зӕххыл.
26 Мӕ буар ӕмӕ зӕрдӕ куы слӕмӕгъ уой,
      уӕддӕр Хуыцау мӕ зӕрдӕйӕн фидар ныфс у,
      мӕ амонды хай мыггагмӕ.
27 Уымӕн ӕмӕ мӕнӕ, Дӕуӕй чи адард ис,
      уыдон сӕфынц;
      Дӕуӕй чидӕриддӕр аздӕхы, уыдон бабын кӕныс.
28 Мӕнӕн та у ӕрмӕст ӕхцон –
      Дӕумӕ хӕстӕг куыд уон.
      Мӕ зӕрдӕ Хицау Хуыцауыл дарын
      ӕмӕ дзурдзынӕн Йе 'ппӕт хъуыддӕгтыл.