Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

104 Псалом

1 Стаут Дунедарӕджы, арут Ын Йӕ ном;
      адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.
2 Зарут Ын, зарут Йӕ кадӕн,
      радзурут Йе 'ппӕт диссӕгты тыххӕй.
3 Ӕппӕлут Йӕ сыгъдӕг номӕй;
      райӕнт сӕ зӕрдӕтӕ,
      Дунедарӕджы чи агуры, уыдонӕн.
4 Агурут Дунедарӕджы, агурут Ын Йӕ хъомыс,
      иудадзыг агурут Йӕ цӕсгом.
5 Ӕрымысут, кӕй сарӕзта, уыцы диссӕгтӕ,
      Йӕ нысӕнттӕ ӕмӕ Йӕ рахӕсгӕ тӕрхонтӕ,
6 О, Йӕ цагъар Авраамы байзӕддӕгтӕ,
      Йӕ ӕвзӕрстытӕ, Иаковы хъӕбултӕ.
7 Уый нӕ Дунедарӕг Хуыцау у –
      ӕппӕт зӕххыл Йӕ тӕрхонтӕ.
8 Мыггагмӕ Йӕ зӕрдыл дары Йӕ фидыд,
      мингай фӕлтӕртӕн цы ныхас бафӕдзӕхста, уый;
9 Сарӕзта фидыд Авраамимӕ,
      расомы кодта Исаакӕн.
10 Иаковӕн ӕй ӕгъдауӕн радта,
      уыцы ӕнусон фидыд – Израилӕн,
11 Зӕгъгӕ: «Ханааны зӕхх дӕуӕн ратдзынӕн,
      уый уыдзӕн уӕ исбоны хай фыдӕй-фыртмӕ».
12 Уӕд ма сӕ нымӕц чысыл уыди, тынг чысыл,
      уӕд ма уыцы зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдысты
13 Ӕмӕ цыдысты иу адӕмӕй иннӕ адӕммӕ,
      иу паддзахадӕй иннӕмӕ.
14 Дунедарӕг никӕмӕн лӕвӕрдта
      сӕ хъыджы бацӕуыны бар,
      паддзӕхтӕн карзӕй бафӕдзӕхста:
15 «Ме 'взӕрстытӕм ма фӕцагайут,
      Мӕ пехуымпартӕн мацы фыд ракӕнут».
16 Ӕмӕ зӕххыл ӕруагъта стонг рӕстӕг;
      иу ӕфсир дӕр нал ныууагъта.
17 Сӕ разӕй сын арвыста лӕг:
      Иосиф уӕйгонд ӕрцыд цагъарау.
18 Йӕ къӕхтӕ йын ӕрбалхъывтой хъадамантӕй,
      ӕрбалвӕстой йӕ ӕфсӕн рӕхыстӕй,
19 Цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст уа, уӕдмӕ:
      Дунедарӕджы ныхас ӕй бафӕлвӕрдта.
20 Паддзах ӕм арвыста ӕмӕ йӕ суӕгъд кодта –
      рауагъта йӕ ахӕстонӕй адӕмты сӕргълӕууӕг
21 Ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ хӕдзарӕн
      уынаффӕгӕнӕгӕй,
      йе 'ппӕт исбонӕн сӕргълӕууӕгӕй,
22 Цӕмӕй йӕхи фӕндонӕй уынаффӕ кӕна
      ӕлдӕрттӕн,
      адӕмы хистӕртӕн амона зонд.
23 Уӕд Израил ӕрцыди Мысырмӕ,
      Иаков ӕрцарди Хамы[23] зӕххыл.
24 Ӕмӕ Хуыцау тынг сбирӕ кодта Йӕ адӕмы,
      скодта сӕ бирӕ тыхджындӕр се знӕгтӕй,
25 Уыдон зӕрдӕты ӕруагъта фыдӕх Йӕ адӕммӕ,
      ӕмӕ сусӕгвӕнд скодтой Йӕ цагъарты ныхмӕ.
26 Арвыста Йӕ цагъар Моисейы
      ӕмӕ Йе 'взӕрст Аароны,
27 Уыдон уым Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ
      равдыстой Йӕ нысӕнттӕ,
      Хамы зӕххы скодтой диссӕгтӕ.
28 Хуыцау рарвыста талынг,
      ӕмӕ зӕхх аныгъуылд талынджы –
      Йӕ ныхасы ныхмӕ ӕрлӕууын никӕй бон уыди.
29 Сӕ дон сын фестын кодта туг,
      сӕ кӕсӕгтӕ сын ныццагъта.
30 Сӕ зӕхх ӕмызмӕлд скодта галхӕфсытӕй,
      суанг паддзӕхты уатты онг.
31 Хуыцау загъта, ӕмӕ ӕрбатахт уырынгонты ӕвзӕн,
      се 'ппӕт бӕстӕ дзаг уыди къогъотӕй.
32 Къӕвдайы бӕсты сыл рауагъта их,
      ӕрттивгӕ цӕхӕр – сӕ зӕххмӕ.
33 Ныддӕрӕн сын кодта сӕ сӕнӕфсирдӕттӕ
      ӕмӕ легъуибӕлӕстӕ,
      ӕппӕт зӕххыл фесӕфта бӕлӕстӕ.
34 Хуыцау загъта, ӕмӕ ӕртахтысты мӕтыхтӕ
      ӕмӕ къуыдыркӕлмытӕ – нымӕц сын нӕ уыд;
35 Ӕмӕ сын сӕ быдырты кӕрдӕг быныл бахордтой,
      бахордтой сын сӕ зӕххы тыллӕг.
36 Хуыцау фӕцагъта бӕстӕйы
      ӕппӕт хистӕр фыртты –
      сӕ адӕмы ӕмӕ фосы алы нӕлдых фыццаггуырды.
37 Ӕмӕ израилӕгты ракодта ӕвзист
      ӕмӕ сызгъӕринимӕ,
      дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй ничи фӕцудыдта.
38 Мысырӕн ӕхсызгон уыди сӕ рацыд,
      уымӕн ӕмӕ сӕ израилӕгтӕй тас бацыди.
39 Хуыцау сын ӕмбӕрзӕнӕн айтыгъта ӕврагъ
      ӕмӕ судзгӕ цӕджындз ӕхсӕвы рухс кӕнынӕн.
40 Куырдтой Дзы, ӕмӕ сын рарвыста уӕрццытӕ,
      ӕфсӕста сӕ уӕларвон дзулӕй.
41 Къӕдзӕх сын фегом кодта,
      ӕмӕ рацыдысты дӕттӕ,
      цӕугӕдӕттау ракалдысты хус быдырты.
42 Уымӕн ӕмӕ Дзы нӕ ферох
      Йӕ сыгъдӕг зӕрдӕвӕрд Авраамӕн, Йӕ цагъарӕн.
43 Ӕмӕ ракодта Йӕ адӕмы хъӕлдзӕгӕй,
      Йӕ ӕвзӕрстыты – райгӕйӕ.
44 Радта сын адӕмты зӕххытӕ,
      ӕндӕр адӕмы фӕллой сын баззади бынтӕн,
45 Цӕмӕй цӕрой Хуыцауы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,
      ӕххӕст кӕной Йӕ фӕдзӕхстытӕ.
      Алилуйа!