48 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты псалом.
2 Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ,
уӕ хъус ӕрдарут, дун-дунейы ӕппӕт цӕрджытӕ –
3 Хуымӕтӕгтӕ ӕмӕ номдзыдтӕ,
бонджынтӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ:
4 Мӕ дзыхӕй рацӕудзӕн уӕлзонд ныхӕстӕ,
мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ хӕсдзысты ӕмбарынад.
5 Мӕ зӕрдӕ сараздзынӕн фӕсномыг ныхасмӕ,
хъисфӕндырыл райхалдзынӕн мӕ райхалинаг.
6 Цӕмӕн хъуамӕ тӕрсон
уӕззау бон мыл куы скӕна,
ме 'фхӕрджыты фыдӕх мыл куы ӕртыхса, уӕд?
7 Уыдон сты хъаруйӕ ныфсджын
ӕмӕ бирӕ мулкӕй хъал!
8 Фӕлӕ адӕймаг ницы амалӕй балхӕндзӕн
мӕлӕтӕй йӕ уды
ӕмӕ Хуыцауӕн нӕ бафиддзӕн уый аргъ:
9 Стыр у уд балхӕныны аргъ –
мыггагмӕ дӕр уый нӕ уыдзӕн,
10 Ӕмӕ исчи ӕнустӕм цӕра ӕмӕ мӕлӕт ма фена.
11 Алчидӕр уыны: зондджынтӕ мӕлынц
ӕнӕзондтимӕ иумӕ,
амӕлынц ӕнӕфсистӕ дӕр
ӕмӕ сӕ мулк ныууадзынц ӕндӕрӕн.
12 Уыдон ӕнхъӕл сты,
ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ мыггагмӕ сты,
цӕрдзысты дзы фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ;
суанг сӕ зӕххытӕн дӕр радтой сӕхи нӕмттӕ.
13 Фӕлӕ бонджын дӕр бирӕ нӕ ахӕсдзӕн –
фос куыд амӕлынц, уый дӕр афтӕ амӕлдзӕн.
14 Ахӕм у ӕнӕзондты хъысмӕт,
ӕмӕ ма сӕ фӕндагыл цӕуын чи уарзы,
уыдонӕн дӕр сӕ кӕрон. ||
15 Фыстау сӕ ныппардзысты дӕлдзӕхмӕ,
мӕлӕт сын уыдзӕни фыййау;
уайтагъд бамбийдзысты,
дӕлдзӕх суыдзӕни сӕ цӕрӕн хӕдзар;
рӕстытӕ сыл фӕуӕлахиз уыдзысты.
16 Мӕн та Хуыцау фервӕзын кӕндзӕни
дӕлдзӕхы ӕлдарадӕй,
куы мӕ акӕна Йӕхимӕ, уӕд. ||
17 Ма фӕдызӕрдыг у,
исчи хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр куы кӕна,
йӕ хӕдзары кадыл куы ӕфта, уӕд;
18 Уымӕн ӕмӕ куы амӕла,
уӕд йемӕ ницы ахӕсдзӕни,
йӕ кад йӕ фӕдыл нӕ ныххиздзӕн,
19 Кӕд удӕгасӕй йӕ мӕт хи барӕвдауыныл уыди,
ӕмӕ дӕуӕй дӕр ӕппӕлдзысты,
дӕхицӕн амал кӕй зыдтай, уый тыххӕй,
20 Уӕддӕр аивгъуыйдзӕни,
рухс чи нал фендзӕн, йӕ уыцы фыдӕлтӕм.
21 Бонджын чи у, фӕлӕ зонынад кӕмӕ нӕй,
уый дӕр амӕлы, фос куыд амӕлынц, афтӕ.

