Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

137 Псалом

1 Давиды псалом.
      Стауын Дӕ, О Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ;
      зарын Дӕ кадӕн хуыцӕутты раз.
2 Мӕ зонгуытыл лӕууын
      Дӕ Сыгъдӕг Кувӕндоны раз,
      ӕмӕ стауын Дӕ ном, Дӕ уарзт
      ӕмӕ Де 'нувыды тыххӕй.
      Уымӕн ӕмӕ ӕппӕтӕй стырдӕр
      скодтай Дӕ ном ӕмӕ Дӕ ныхас.
3 Ӕз Дӕм ӕххуысмӕ куы фӕдзырдтон,
      уыцы бон мӕ фехъуыстай
      ӕмӕ стыр ныфс бауагътай мӕ зӕрдӕйы.
4 Скадджын Дӕ кӕндзысты, О Дунедарӕг,
      ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ,
      Дӕ дзыхӕй рацӕугӕ дзырдтӕ куы фехъусой, уӕд.
5 Ӕмӕ зардзысты Хуыцауы диссаджы
      фӕндӕгты тыххӕй,
      уымӕн ӕмӕ стыр у Хуыцауы кад.
6 Хуыцау бӕрзонд ран ис, уыны сӕрныллӕджы дӕр,
      сӕрыстыры базоны дардмӕ.
7 Бӕллӕхты ӕхсӕнты куы цӕуа мӕ фӕндаг,
      уӕддӕр мын бахиздзынӕ мӕ цард;
      адардзынӕ Дӕ къух мӕ тызмӕг знӕгтӕм,
      ӕмӕ Дӕ рахиз цонг фервӕзын кӕндзӕн мӕн.
8 Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн Йӕ ныфсӕвӕрд мӕнӕн;
      Дӕ хорзӕх, Хуыцау, мыггагмӕ у –
      Дӕ къухӕй цы скодтай, уый ма ныууадз.