63 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2 О Хуыцау, фехъус мӕ хъӕлӕс, мӕ лӕгъстӕ;
мӕ цард мын бахиз ӕвирхъау знагӕй.
3 Фыдлӕгты сусӕгвӕндтӕй,
змӕнтӕг фыдгӕнджытӕй бамбӕхс мӕн.
4 Уыдон сцыргъ кодтой се 'взӕгтӕ цирхъау,
айвӕзтой се 'рдынбос – сӕ рӕхойӕн ныхас,
5 Рӕстаг адӕймаджы сусӕг ранӕй бахсынӕввонг;
ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фехсынц
ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр нӕ кӕнынц.
6 Сӕ фыдвӕндтыл фидарӕй хӕцынц;
сӕ уынаффӕ у сусӕгӕй къӕппӕг сӕвӕрыныл,
ӕмӕ дзурынц: «Чи йӕ фендзӕн?»
7 Уыдон нывӕндынц сӕ хинтӕ ӕмӕ дзурынц:
«Хорз фӕнд ӕрымысыдыстӕм».
Ӕцӕгӕй дӕр, адӕймаджы хъуыдытӕм
ӕмӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм ныккӕсӕн нӕй.
8 Фӕлӕ сӕ Хуыцау бахсдзӕн фатӕй;
ӕнӕнхъӕлӕджы бабын уыдзысты.
9 Хуыцау сын се 'взаг сӕхи ныхмӕ сараздзӕни
ӕмӕ сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ;
чи сӕ уына, уыдон сыл сӕ сӕртӕ ӕнкъусдзысты.
10 Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы бацӕудзӕн тас,
дзурдзысты Хуыцауы хъуыддӕгтыл
ӕмӕ уӕд базондзысты – уый Хуыцау сарӕзта.
11 Рӕстгӕнӕг та сцин кӕнӕд Дунедарӕгыл,
Уый йын уыдзӕн сӕрылхӕцӕг;
ӕмӕ 'ппӕт рӕстытӕ зӕрдиагӕй стауӕнт Хуыцауы.

